Цы номæй дæм бадзурæм?..

Уæ, сыгъзæрин фестай, сыгъзæринфестинаг, иунæг каддын Хуыцау, мах ахæм хъæбатыр, ахæм сæрыстыр æмæ ахæм æнæрцæфæй чи сфæлдыста!..
Нæ ныфс алцæмæ дæр хæссæм, денджыз нын – уæрагмæ, иу цæфæн нын хох дæр нæ лæууы… Йæ хуымы гæппæлы иу хоры нæмыг баппарынмæ дæр зивæг чи кæны, афтæмæй уæлбæхæй нартхор тонын кæй фæнды, уый дæр дын зæгъдзæн, махæн нæ бон кæй у хæдбарæй, æнæ искæй æххуысæй фæцæрын, амондджын цард скъобор кæнын. Стæй, цæмæдæр гæсгæ, æйтт куы фæцæуы, уæд ахæмтæ, уæлбæхæй дæр – нал, фæлæ сæ цыппæрттыл Гуфтайы хиды бын смидæг вæййынц.
Цард та йæ цыды хай кæны, алчи дæр аразы йæ цард, хъуыды кæны йæ сомбоныл. Мах дæр аразæм нæ цард, хъуыды кæнæм нæ сомбоныл, фæлæ нæ Фыдыбæстæйæн куыд хуыздæр уыдзæн, уууыл хъуыды кæнгæйæ нæ – кæйдæр ном дæлæмæ æркæныныл, искæмæй дæхи зондджындæрæй равдисыныл, æвзарджыты зæрдæ балхæныныл. Æмæ нæ иу иннæйы ныхас нал æмбары, кæрæдзийы хъæр нæм нал хъуысы. Иу бон дзурæм: мах хъуамæ хæдбарæй цæрæм, дыккаг бон – хъуамæ референдум ауадзæм, цæмæй Цæгат Ирыстонимæ баиу уæм, æртыккаг бон – хъуамæ нæ паддзахады ном раивæм…
Уый дын мæгуыры дæ-дæ-дæй!
Чидæр, дам, хъыбылы мард нæ фæрæзта æмæ дзæргъы мард сæккой кодта!..
Æмæ кæд хæдбардзинад аразæм, уæд ма искæимæ куыд иу кæнæм, кæд искæимæ иу кæнæм, уæд ма нæ ном цæмæн ивæм, уæддæр ивинаг нæ уыдзæн?..
Æмæ фæдисы дзæнгæрджытæ ныццагътам дæлейæ – уæлæмæ, фалейæ – ацырдæм. Йæ хæдзары æртæ чъирийæ йæ бинонты Хуыцауыл бафæдзæхсынмæ чи нæ арæхсы, ахæмттæ дæр нæмттæ æвзарынмæ фесты… Ном æвзарынц сывæллонæн, ногæй чи райгуырд, ахæм адæймагæн, фæлæ æнусты дæргъы чи уæвынад кæны, ахæм бæстæйæн дæр йæ ном æвзаргæйæ у? Ис ын фæивæн, фендæргъуызонгæнæн, фæлæ йыл бынтон æндæр ном сæвæрын – ницы хуызы! Хъуамæ йæ номы дзырд «Ирыстон» æнæмæнг баззайа, уымæн æмæ нæ афтæмæй зонынц, нырыонг нæ чи базыдта, уыцы адæмтæ æмæ бæстæтæ.
Уый дæр августы тугуарæн хæсты фæрцы…
Махмæ та афтæ кæсы æмæ нæхæдæг куыд зонæм алкæй дæр, алчи дæр нæ афтæ зоны, æмæ нæ ном куыдфæнды фæивæм, уæддæр та нæ базондзысты…
Иу хатт Дзæуджыхъæуы сæйраг уынгыл иу сыкъадзæф лæг Ходы Камалыл ныичъи:
— Цæй, куыддæ цæрыс, уæдæ, нæхи Камал?
— Ницы мын у, хорз лæг, Хуыцауы хорз дæ хай…
— Ау, нæ мæ зоныс? 
— Ауыстæн, нæ дæ хъуыды кæнын…
Лæг ссонт, йæ разы хæрдмæ хауы, йæ цæнгтæ йыл тилы, ома, уый та куыд, куыд нæ мæ зоныс, зæгъгæ.
— Ау, уæдæ дæ æз куыд зонын? – уæгъд æй нал уагъта.
Куы нал дзы фæрæзта, уæд ма Камалы дæр цы бон уыд æмæ ахызт йæ хæдæфсармы сæрты:
— Омæ æз дæр Клинтоны зонын, фæлæ мæ йæхæдæг нæ зоны!..
Мах стыр æмæ хъомысджын бæстæты зонæм, цымыдис кæнæм сæ цард æмæ сæ хабæрттæм, уымæн æмæ нæ цард уыдоныл баст у… Родтæ исты аххосджын сты æви нæ – уæддæр къамбецтæ куы хыл кæной, уæд сæ быны ныцъæл уыдзысты.
Мæхъæл, дам, сæ Магасмæ бахизæны алайнаг къулдуæрттæ сæвæрдтой, нæ истори, дам, нын исынц… Мæхъæлæй нын тас уыцы къулдуæрттæй нæу – истори ничи байсдзæн, тас нын сæ æндæр цæмæйдæр у: махмæ дыууæ сывæллон рауадзын дæр стыр сгуыхтдзинадыл нымад куы уа, уыдон та бæр кæнынмæ ныры хуызæн куы уой, уæд иу ссæдз азмæ афтæ сбирæ уыдзысты æмæ нын сæ цуры уæлдæф нал фаг кæндзæн…
Алайнаг къулдуæрттæ, дам, уыдысты Дайраны комы…
Æмæ сæ цæмæннæ æвæрдтат, Дайраны, æнæмæнг хъуыддаг уыд æмæ та нæ ам дæр не знæгтæ хъуамæ райхъал кодтаиккой нæ тарфынæйæ?!.
Уый дын нæ хъуыддæгтæ!
Нæ цард, нæ хъысмæтмæ куыдфæндыйы цæстæй фæкæсæм, стæй не знæгтæ нæ разæй куы фæвæййынц, нæ къæбæр нын нæ хъуырæй фелвасынмæ куы æрхъавынц, уæд ма Хуыцауы æрбадæнты æхсидæвтæ тъыссынмæ фæвæййæм, фæлæ нын байрæджы вæййы…
Дзырд дæр ыл нæй, нæ республикæйы ном ивинаг кæй у. Фыццаграды уымæн æмæ мах аланты фæдонтæ стæм æмæ дзы дзырд «алани» æнæмæнг хъуамæ уа, дыккаджы та уый, æмæ махæн ис иу Фыдыбæстæ. Уыцы Фыдыбæстæ хъуамæ дыууæ дихы ма уа, фæлæ цалынмæ дыууæ дихы у, уæдмæ хъуамæ хæссой æмхуызон нæмттæ, цæмæй йæ æндæр адæмтæ зоной, иу адæм кæй стæм, иу Фыдыбæстæ нын кæй ис, уый. Дзырд «Ирыстон» нæ республикæйы номæй сисынмæ чи хъавы, уыдон та хъуамæ æмбарой иу ахсджиаг хъуыддаг: Америкæйы Иугонд Штатты Залда кæнæ Дменисы сыхтæ куы схоной, уæддæр сын сæ ног номыл иу уысммæ сахуыр уыдзысты дунейы адæмтæ, фæлæ мах дзырд «Ирыстон» фесафгæйæ мингай азтæ бахъæудзæн, цæмæй ма нæ нырыуонг чи зыдта, уыцы бæстæты уæддæр базоной. Номдзыд уырыссаг фыссæг загъта, зæгъгæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты алы фронты дæр дзырд «ирон» зæлы сæрыстырæй. Ахæм цæвиттонтæ минтæ ис æрхæссæн Ирыстон æмæ ирæтты тыххæй æмæ нæхи æрмæстдæр Алани æмæ алантæ хонын куы райдайæм официалонæй, уæд цы фæуыдзыстæм – зæххы къорийыл цæрæг адæмтыл фæзилдзыстæм æмæ дзы алкæмæн дзурдзыстæм, мæнæ афтæ æмæ уфтæ кæй тыххæй загътой, кæй тыххæй фыстой, уыдон мах стæм, зæгъгæ?..
Уæддæр куыд?..
Ирыстон хъуамæ уа иу Ирыстон. Уымæн уæвæн ис? Ис. Путинмæ дæр радтой ахæм фарст æмæ дзуапп радта, зæгъгæ, уый у Хуссар Ирыстоны адæмæн сæхицæй кæнгæ. Гæнæн куы нæ уаид, уæд загътаид цæхгæр «нæ» дæр. Фæлæ цалынмæ баиу уæм, уæдмæ йын кæд йæ номæн æнæ ивгæ нал ис, уæд та хъуамæ уа, йæ цæгат хайы æнгæс номимæ – Республикæ Хуссар Ирыстон-Алани. Уымæн æмæ Ирыстоны дыууæ хайы нæмтты æхсæн гæнæн ис æрмæстдæр географион хицæндзинадæн. Боныфæстагмæ, Ирыстон куыд хуыйна, ууыл хъуамæ уынаффæ кæной ирон адæм, чи сæ кæцы хайы цæры, уымæ æнæ кæсгæйæ. Чизоны исчи зæгъа: æмæ мах цæгаттæгтæ бафарстой, сæ республикæйы ном куы ивтой, уæд? Нæ бафарстой. Æмæ раст нæ бакодтой. Мах дæр уыдоны бафæзмæм æмæ раст ма бакæнæм? Нæ бон у, фæлæ дзы ницы рамбулдзыстæм, уымæн æмæ уый уыдзæн историон рæдыд.
Иуы рæдыд фыдбылыз у, дыууæйы рæдыд – бæсты сæфт…
Дыууæрдыгæй дæр кæрæдзи кæй нæ бафæрсæм, иу зондмæ кæй нæ æрцæуæм, мæхъæл дæр сæ ныфс уымæн бахастой ахæм æбуалгъы хъуыддагмæ. Æндæр ахоссаг дзы нæй æмæ нæ сæртæ æнæхъуаджы мауал риссын кæнæм…

Гæбæраты Юри, Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Национ политикæ, культурæ, ахуырад, зонад, дин æмæ дзыллон-информацион фæрæзты фæдыл комитеты сæрдар