«Комкоммæ ныхас»: Кокайты Алан

noar.ru представляет новую рубрику «Комкоммæ ныхас», в которой диджей «Радио МОС» Зарина Ахполова общается со своими гостями на осетинском языке.

Афтæ зæгъынц, æмæ курдиат у Хуыцауы лæвар. Фæлæ лæвар алкæмæн дæтгæ нæу. Æрмæст ныфсджын, хъаруджын, хæларзæрдæ адæймаг бамбардзæн лæвары нысан. Кокайты Алан, лæппулæг уæвгæйæ, йæ лæвар раст райсын базыдта: райдзаст фæндты фæдыл размæ тырны. Цавæр сты йæ фæндтæ æмæ цавæр бынат ахсынц йæ царды, уый тыххæй Алан радзырдта комкоммæ ныхасы мидæг.

— Дæ бон хорз, Алан. Бузныг, абон нæм кæй æрбацыдтæ, уый тыххæй!

— Дæ бон хорз,….. Бузныг, кæй мæ æрбахуыдтай, уый тыххæй.
Нæ ныхас мæ фæнды райдайын, Мæскуйы ахуыры тыххæй. Цавæр вазыгджын хъуыддæгтæ дæ зæрдыл æрлæууынц, куы æрхъуыды кæныс уыцы заман, уæд? Дæ фыццаг фембæлд дæ ахуыргæнджытимае? Дæуимæ чи ахуыр кодта, уыдонимæ?

— Кæй зæгъынæй хъæуы, Мæскуйы фыццаг хатт нæ уыдтæн. Уый размæ арæх уыдыстæм ансамблимæ Мæскуыйы гастролты. Зыдтон алцыдæр. Фæлæ афтæ рауади, æмæ æрцыдтæн Мæскуымæ ахуыр кæнынмæ. Фыццаг хатт ацыдтæн дард балцы хæдзарæй! Дæс бонмæ нæ, фæлæ афæдзы'рдæг. Ахуыр кæнын куы райдыдтон, уæд уыди тынг зын. Мысыдтæн мæ хæдзар. Телефонæй арæх дзырдтон. Фæлæ ГИТИСы ахуыр кæнын мæ зæрдæмæ тынг цæуын байдыдта. Мæ мысындзинад, мæ фыд, мæ мад, мæ хо, мæ хæстæджытæ фенынмæ куыд бæллыдтæн, уый мæ иу хаттай хатт рох дæр фæци. Цæй фæдыл æрбæцыдтæн, уый, мæн куыд фæндыди, уымæй хуыздæр рауади. Уый тыххæй анцондæр уыди: æнкъард къаддæр кодтон. Фæлæ иннæрдыгæй, ног царды уавæрты бахаудтæн. Æрыгон лæппу ма уыддтæн. Æвæццæгаен, мæн куыд фæндыди, афтæ рауади. Фæлæ ног адæмимæ базонгæ дæн. Ног кæфтытæ мын амыдтой. Цыдæр мын уади хуыздæр, цыдæр та нæма уади. Фыццаг аз гуырысхо кодтон: раст бынатмæ бахаудтæн, мæ бон уыдзæни дарддæр ахуыр кæнын, æви нæ. Фæлæ рæстæг равдыста : абоны онг фæсмойнаг нæ дæн.
Театралон ахуырдоны размæ каст фæдæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет.

— Афтæ рауади, æмæ рагæй нырмæ кафгæ кодтон. Фæлæ скъола куы фæдæн каст, уæд бæлвырд нæма æмбæрстон, фæнды мæ дарддæр цæуын уыцы фæндагыл, æви нæ. Æмæ афтæ рауади, юридикон факультетмæ бахаудтæн. Фыццаг курсы мæн æрбахуыдтой ансамль «Алан»-мæ. Райдыдтон ахуыр кæнын æмæ кафын. Æвæццæгæн, уæд бæлвырд бамбæрстон, мæ фæндаг æвæрд кæй у. Юридикон факультеты æртыккæгæм курсæй заочны отделенимæ бацыдтæн. Мæскуымæ ацыдтæн. ГИТИСы балетмейстерский факультетмæ фыццаг хаттæй бахаудтæн. Мæ разамонæг у Æппæт Цæдисы зындгонд артист Михаил Лавровский. Юридикон факультет каст фæдæн. Ууыл фæсмон нæ кæнын. Мæ зæрдæмæ цæуы. Царды мидæг аххуыс кæны. Хорз нал хъуыды кæнын алцыдæр, фæлæ чингуытæм куы'ркæсон, уæд æрхъуыды кæндзынæн.
Æвæццæгæн, тынг дис ничи кодта юристы куыст аивадыл кæй аивтай, ууыл. Фидар бындур дын уыди. Фæлæ, æнæуый, уымæн хъæуы ныфс æмæ хъару. Уымае гæсгæ, ахуыры хуыз аивын чи сфæнд кодта, уыдонæн цавæр уынаффæ ракæндзынæ.

— Алкæмæн йæхи фæндаг ис. Æмæ цæуын хъæуы, дæхи зæрдæмæ чи цæуы, уыцы фæндагыл. Кæдæм тырны адæймаг, уыцы'рдæм цæуæд. Ирон адæммæ кæддæриддæр афтæ уыди: хистæрмæ хъусын хъæуы. Мæнæн мæ царды афтæ рауад, мæхæдæг нæма зыдтон, цы мæ хъæуы. Уæд мæ мад загъта, цæмæй юридикон факультетмæ уал бацæуон, дарддæр бæрæг уыдзæни, зæгъгæ. Уый фæстæ, ахуыргангæйæ бамбæрстон, æнкъард кæй кæнын мæ раздæры цардыл, æмæ мæ фæнды, цæмæй мæхи профессионалон кафæн культураимæ сбæттон. Æмæ мын ныр сабыргай цыдæртæ уайы.

Ахуыр кодтай ам, Мæскуыйы дæр, Ирыстоны дæр. Уымæ гæсгæ дæуæн дæ бон у саргъ кæнын Мæскуыйы ахуырдзауты миниуджытæн, царды уавæртæн. Цавæр сты æрыгон фæсивæд?

— Уый у куыд зын фарста, афтæ анцон фарста дæр. Мæскуйы ис бирæ адæмыхаттытæ, кацытæ хицæн кæнынц дин, æгъдау, буары кондæй æз бамбæрстон, стыр горæтмæ æрыгон фæсивæд куы арбацæунц сæ куысты, ахуыры фæдыл, æрмæст уæд бамбарынц сæ культурæйы аргъ, уæлдай тынгдæр кæй хъæуынц хæдзарæй дард куы уай, уæд. Ирыстоны цæрæг адæмыхаттытæ фылдæр ирон æгъдаумæ гæсгæ цæрынц, Бынтон афтæ нæу, фæлæ афтæ у. Мæскуыйы та алчидæр йæхи уынаффæ кæны. Хъуамæ дæуæн дæр уа дæ ном, дæ мыггаг, кæцæй æрбацыдтæ, цæй фæдыл æрбацыдтæ. Се'ппæтæй мæ бон нæу зæгъын цавæр сты: хорз сты æви æвзæр. Хæрзтæ дæр ис, æвзæртæ дæр. Фæлæ мæн тынг фæнды, цæмæй адæмы хсæн ирæттæ хæрзтимæ куыд уой, ахæм амонд нæ куыд уа.

Хæлгæ чи кæны, уыдонæй цы зæгъдзынæ?

— Цæмæн цæуы Мæскуы бирæты зæрдæмæ? Сæ мад, сæ фыд Ирыстоны. Тыхсынц, æхца æрвитынц. Сывæллон бадзуры, фынæй кæнын, зæгъгæ, йæхæдæг та лекка кæнынмæ ацæуы. Уый алкæмæн йæ миддунейы конд у. Цæй фæдыл æрбацæуынц Мæскуымæ? Бæлвырд зыдтон, æз ахуыр кæнынмæ æрбацыдтæн. Фæлæ улæфын дæр хъæуы, æмæ уымæн ис бирæ алыхуызон бынаеттæ. Адæймагыл сæр куы уа, уад алы ран дар йæхи дарын зондзæн, бæрц дæр зондзæн. Ирон адæммæ, кæддæриддæр, уыди алы хабары мидæг дар бæрц. Уыцы бæрц фыд æмæ мад куы бацамоной, сывæллон ай куы бамбара, уад йæхицæн бæрц зондзæн царды мидæг.

Ныр та дæ куыстыл аныхас кæнæм. Айразмæ интервьюйы загътай, актеры куыст бавзарын, дæ кай фæнды, уый тыххай.

— Уый, авæццæгæн, бынтон раст нæ уыдзæни, актеры куыст мæ зæрдæмæ цæуы, зæгъга. Кафты мидæг мæ зæрдæмæ цæуы стыр мидхъуыды кæмæн ис, ахæм кæфтытæ. Æрмæстдæр цъилау зилын, техникон кафт канын нæ, фæлæ хъуыды кæм ис, ахæм кæфтытæ уарзын æз. Æмæ уым хъæуы стыр актеры куыст. Хуыцауы лæвар у дæ кафты куы бауа да бон равдисын де нкъаранта, да хъуыдыта, цæмæй дæм чи кæсы, уымæн кæнæ йа цæссыджытæ аркæлой, кæнæ бахуда, кæнæ йæ буарыл арц сбада, хъуамæ бамбара, цæй кой кæныс, уый. Уымæй мæнæн цæуы актеры куыст мæ зæрдæмæ: кафты мидæг актер уæвын. Цæмæй мидхъуыды хæссон. Цы театры кусын, уым ма бон у, ман кай фанды, ахам суратта аразын, сабыргай кусын ууыл.

Алан, радзурма нын де мбæлттимæ цы кино систат, уый тыххай. Цæй тыххæй у? Ды дзы кай роль хъазыс?

— Систам кино. Уырыссагау хуины «По небу босиком». Йæ режиссер уыд Кæсæг-Балхъары сгуыхт артист, копмозитор, певец Султан-Ураган. Мах рагай зонæм кæрæдзийы. Уый систа кино. Искæмæ кæсы, уый зарæггæнаг у, æмæ цавæр кино систа, загъга. Фæлæ афтæ нæу. Æз æй мæхи дыууæ цæстæй федтой, архайдтон дзы. Махимæ куыстой тынг профессионалон оператортæ, Голливуды чи куыста, ахамтæ. Мæнмæ гæсгæ, адæмы зæрдæмæ хъуамæ фæцæуа, уымæн æмæ дзы зарджытæ, кæфтытæ ис. Ныртæккæйы растæгмæ гæсгæ у «современный фильм». Арыгон фæсивæд куыд дарынц сæхи, цы æнкъарынц ахуыргангæйæ, уарзгæйæ. Царды тыххæй у кино. Афтæ рауад, ама æз сæйраг рол хъазыдтæн, арыгон лæппуйы рол. Æмбæлтты æхсæн хуыздæр чи у, ахæм. Мæхи тыххай нæ дзурын. (Мидбылты бахудти. — Редакторы фиппаинаг) Йæ ном у Бит.

Зынкуыст уыди?

— Тынг зын куыст уыди. Сæрдыгон дыууæ мæйы уыдыстæм съемкæты æмæ алы бон дæр кусгæ кодтам. Актерæй фæстæмæ ма кæфтытæ æвæрæг дар мæхæдæг уыдтæн. Уыцы тыхст рæстæджы хъуыди æрхъуыды кæнын кæфтытæ, сывæрын сæ, репетицитæ кæнын. Уымæн рæстæг нæ уыди æппындæр, хъудыс алцы дар кæнын тынг тагъд.
Ды дæхи тыххæй актеры хуызы ногæй цы бамбæрстай?

— Мæнæн мæ зæрдæмæ фæцыди кинойы хъазын. Бирæ хорздзинæдтæ байгомкодтон мæхи тыххæй. Фыццаджы дæр, мæ зæрдæмæ цæуы, мæхи дзæбæх æнкъарын съемкæты мидæг. Алцыдæр рауади, мæнмæ гæсгæ. Фæлæ бæлвырдæй хъуамæ зæгъой, чи йæ фена, уыдон. Мæнмæ гæсгæ, мæн цæй фæдыл æрцагуырдтой, уый мæ къухы бафтыд.

Театралон куыстмæ фæстæмæ раздæхæм. Ды архайыс цалдæр хицæн уацмысы. Иутæ дæ зæрдæмæ фылдæр цауынц, иннæтæ къаддæр. Вæййы афтæ, æмæ дæ сценама цæуын нæ фæнды, дæ бон нæу? Цавæр хъуыдытæй дæхи сразы кæныс?

— Мæ бон нæу зæгъын «спектакль мæ зæрдæмæ нæ цæуы». Ис стиль. Æз цæвæр стилы архæйын, уыцырдыгæй нæу, фæлæ уæддæр архайын ахæм куыстыты. Уымæн æмæ алцыдæр зонын хъæуы, цæмæй ног фæндæгтæ агурай. Вæййы, адаймæг бафæллайы, ваййы алцыдæр. Фæлæ мæхицæн фæзæгъын афтæ: «Алцыдæр тынг хорз у дæ царды, дæ цард дæ гуыбыны цæуы. Рацу, æмæ цы зоныс, уый дзæбæх равдис».

Зæгъ ма мын, Алан, сценайы куы лæууыс, уæд æцæгайдæр уазджыты зæрдæйы уаг сценæмæ хъары? Æви куы факусыс, уад дæ хъус не'рдарыс уыцы хабарма?

— Сценæмæ куы рацæуын, уад фыццаджы фыццаг уыцы æнкъарæнтæ бамбарын. Мæнæн сты мæ артаг. Сценæйы куы архайон, æмæ иннæрдыгæй мæнмæ хорз æнкъарæнтæ куы цæуа, уæд мæм цæрын æрцæуы, тæхын мæм æрцæуы.

Алан, нырыккон театры тыххæй дæу сæрмагонд цæстангас цавæр у? Цы у театры мидис? Цавæр театры кусынмæ дæ зæрдæ райы?

— Театрæн йæ мидис у бæлвырд æвæрд. Адæймагæн театр хъуамæ йæ миддуне, йæ зæрдæйы тæнтæ райгом кæна. Адæймаг, цины спектаклы куы уа, хъуама цин кæна, трагеди дæр хъуама бамбара. Театр хъуамæ ахуыр кæна адæймаджы расугъддзинадыл. Советон Цæдисы æрмаст ахæм спектакльтæ уыди. Ныртæккæ æндæр рæстæг у — æвæрынц «Современный спектакль». Бирæ адæмæн сæ сæры нæмæ бацыдысты, сæ бон цæ бамбарын нæу. Бæрæг нæу, бамбардзысты, æви нæ. Ахæм фæндаг у, æмæ йыл ис бирæ эксперименттæ. Уыдон хъуамæ уой, цæмæй театр къахцæф кæна размæ. Арæх ваййы ахæм спектакль, хъуыды дзы нæй, фæлæ адæймаджы зæрдæмæ цæуы. Уый у «современный театр».

Ног фæлтæр æрхæссы ногдзинæдтæ. Дæумæ куыд кæсы, бынат цын ис театры? Æмæ цавæр хуызы хъуамæ уой æвдыст? Æгæр не'сты? Театралон куыстыл куыд бæрæг у?

— Æз мæхи хонын консерватор. Эксперименттæ сты тынг бирæ. Арæх вæййы режиссер йæхæдæг нæ бамбары, цы æвæры, уый, уæдтæр æй адæмы цæстмæ рахæссы. Æви кæд æмбары, уæд æрмаст йæхæдæг. Ахæм спектакльтæ федтон æмæ дзы архайгæ дæр кодтон. Ахæм спектакльтæй зритель ацауы, цыма йын йе ккой голджытæ æрæвæрдтой, афтæмай. Уый дæр, æвæццæгæн, æвзæр нæу. Бæрæг уыдзæн иу фæндзай азы фæстæ.

Дæхи куысты та ногдзинæдтæ цавæр бынат ахсынц? Цæй бæрц хъуама уой, цæмæй ды зæгъай «Ма фаг у! Афтæ нæ кæнын!», — зæгъга?

Афтæ зæгъын мæ бон нæу, фæлæ мæ куысты дæр ногдзинæдтæн ис бынат. Æнæ ногдзинадæй нæй цард. Æз цы куыст кæнын, уым нæй фæндæг. Фæлæ æз уыцы къахдзæфтæ кæнын гыццылгай, сабыргай. Æз кусын фольклоримæ, адæмы сфæлдыстадмæ зылд дæн. Уый тынг зын куыст у. Фæзæгъынц: «Народный танец» у велосипед, зын у æрхъуыды кæнын ног кæфтытæ. Фæлæ æз ууыл сабыргай архайын.

Мæскуйы цæрджытæн, театрмæ цæуын чи уарзы, фæлæ цæмæ бакæса, уый чи нæ зоны, уыдонæн цы уынаффæ ракæндзынæ? Хуыздæр 5 театралон спектакльтæ?

Зæгъæм балеты тыххæй. Бæлетмæ чи нæмæ касти, уый хъуамæ ацæуа классикон балетмæ. Цæмæй иннæ хатт æрбацæуа, хъуама уа тынг хорз балет: Григоровичы æвæрд «Спартак», кæнæ «Лебединое озеро», «Дон Кихот». Уыдон классикæйæн йæ хуыздæртæ сты. Кæд адæймæгæн иугыццыл мыддунейы культурæ ис, уæд, хъуамæ йæ зæрдæмæ фæцæуой. Æмæ бæлет бауарздзæн. Драмон театр дæр афтæ. Æз уарзын классикон спектакль. Фæлæ æз цы театры кусын «ШДИ» («Школа драматического искусства» — редакторы фиппаинаг), уый ахæм нæу. Уым ис тынг бирæ эксперименталон спектакльтæ. Мæх театрмæ, цæмæй зæрдæмæ фæцæуа, (мæнæн мæ зæрдæмæ фæцыдысты), хъæуы цæуын Чеховы нывтæмгæсгæ кæй сывæрдтой, уыцы спектакль «Тарарабумбия»-мæ. «Вишневый сад» дæр тынг дзæбæх æвæрд у. Тынг цымыдисаг у «Опус №10», Крымовы спектакль. Нæ театры ис тынг бирæ хорз спектакльтæ. Радзырдтон мæхи театры тыххæй, уымæн æмæ уым кусын. Æнæуи, мæ бон у ранымайын тынг бирæ спектакльтæ, бирæтæ кæй зонынц, ахæмтæ, «театр Опереттæйы» чи цæуы, уыцы мюзиклтæ дæр, Æз се'ппæт дар федтон. Мæнæн ме'мбæлттæ уым кусынц. Ацы темайыл мæ бон у тынг бирæ дзурын.
Дæ зæрдæмæ цавæр жанр фылдæр цæуы?

— Æфтæ куы бæфæрсай, цавар жанр, цавæр кафт цæуы дæ зæрдæмæ, уад дын æй на зæгъдзынæн. Æрмæст иу фарстайæн мæ бон у дзуапп раттын: «Дæ зæрдæмæ цавæр зæхх цæуы æппæтæй фылдæр?» (Мидбылты бахудти. — Редакторы фиппаинаг)

Цавар режиссертимæ дæ фæнды кусын? Ирыстоны? Уæрæсейы? Гæнæн ис, æмæ æнæхъæн Дунейы дар?

— Афтæ рауад, æмæ мæ режиссер Юрий Любимов хуыдта Вахтанговы театрмæ йæхæдæг. Спектакль «Бесы» æвæрдта. Уым хъуамæ архайдтайын. Йæхæдаг мæм телефонæй дзырдта, Юрий Петрович, федта мæ мастер Лавровскийæн юбилей куы уыди, уыцы концерты, йæ зæрдæмæ фæцыдтæн. Загъта: «Мæн фæнды цæмæй уым архайай». Фæлæ æз уыцы рæстæг уыдтæн гастролты, мæ бон нæ уыди. Кæд истæуыл фæсмон кæнын мæ царды мидæг, уæд æрмæстдæр уыцы хабарыл. Афтæ рауади цæмæндæр. Фæлæ Хуыцау хуыздæр зоны, цы хъæуы, уый.
Куыд дæм касы, цавæр хуызы райгас уыдзани ирон театр?

— Мæнмæ кæсы, æгас у Ирон театр. Цалдæр боны размæ дзы уыди тынг стыр премьера. Уалыты Гиви сæвæрдта ног спектакль. Тынг разы уыдысты зрительтæ. Мæнæн мæ фыд, мæ мад, мæ хо уыдысты, сæ зæрддæмæ тынг фæцыди. Ирон театрæй адæм рацыдысты тынг райгондæй. Уый у тынг хорздзинад. Афтæ куы уа дарддæр, уæд ирон театрæй ничи бауæндзæн зæгъын, ирон театр амарди, зæгъгæ.

Ды дæ бинонтæн цы кад кæныс, уый дæ алы хъуыддагæй дæр бæрæг у. Фæлæ искуы уыди афтæ, æмæ дæхи фæнды фæдыл ацыдтæ?

— Мæныл цæуы дыууын æхсæз азы. Мæ царды мидæг ахæм хъуыддаг никуы уыди. Хуыцауы афтæ бафæндæд, æмæ макуы уæд. Афтæ цæуæд дарддæр дæр.
Уымæ гæсгæ, ис афтæ зæгъын, æмæ дæ бинонтæ сты дæ сæйраг уынаффæгæнджытæ? Æви де'мбæлттæ? Де'мгæрттæ?

— Анæмæнг! Фыццæг уынаффагæнæг мæхæдаг дæн мæхицæн, стæй та мæ бинонты хъуыды, ме'мбæлты хъуыды дæр. Ис ахæм адæм, кæй цæстынгасмæ хъусын æмæ мæхи цæстынгасимæ бæттын, астæу равзарын, æмæ афтæ бакæнын.
Цы у хæлардзинад? Дæуæн бирæ зонгæтæ ис, фæлæ уыдонæй хæлæрттыл кæй нымайыс æмæ цæмæн?

— Ныр ахæм зын цард у, æмæ нæ бамбардзынæ, чи у де'мбал. Ныр мæ цард афтæ у, хъаст ницæмæй кæнын, æмбалдзинад ахæм у, æмæ цы хъуыддаджы фæдыл бахъæуа æмбал, æрмæст уыцы хабары мидæг бамбардзынæ, уарзы дæ де'мбал, кад дын кæны, æви нæ. Иумæ рæстæг арвитæм, уыцы хъуддæгтæ хорз сты. Æз вæййын æрмæст уыцы адæмимæ, мæнæн мæ зæрдæмæ чи цæуы, уыдонимæ. Фæлæ афтæ дæр вæййы, мæ зæрдæмæ нæ цæуыц, фæлæ мæ царды фæндагыл хъæуы уыдонимæ цæуын, кæнæ иумæ кусæм. Уым дæр æмбарындзинад агурын. Фæлæ æмгардзинад бамбардзынæ æрмæст исты хъуыддаджы мидæг. Мæнæн уыдис ахæм хъуыддæгтæ, æмæ йæ зонын, цæуыл дзурын, уый. Ныр æй зонын цæй аккаг сты.
Ис ма мæм иу сæрмагонд фарста. Дæ царды тыххæй. Æвæццæгæн, адæм дис кæнынц: йæ бакастæй, гуырыкондæй рæсугъд, хорззæрдæ æцæг ирон лæппулæг, æмæ йын бинойнаг нæма ис!

— Алкæмæн дæр уæлейы фыст у йæ цард. Мæнæн дæр, æвæццæгæн фыст у, æмæ йæм æнхъæлмæ касын.
Дæумæ гæсгæ, æцæг ирон агъдауджын чызг цавæр хъуамæ уа?

— Иугыццыл æргомдæр куы уыдайын, уæд бирæ радзырдтайын. Фæлæ ныр æдæймаг гыццыл зонджындæр у. Бирæ хорз миниуджытæ ис, æмæ цæ ам нымайын нæ хъæуы. Ис ахæм чызджытæ æмæ алцыдæр: йæ уынд, æй конд, хæдзары мидæг хорз, æгъдауджын, фæлæ йæ дæ зæрдæ нæ агуры. Уæд уый æнамондзинад у. Ис æндæр хабар: чызг æнапълан дæр у, æнæгъдау дæр у, фæлæ йæ лæппу бауарзы, мæй фæцарынц, ахицæн вæййынц. Уый у амондзинад æмæ æнамондзинад.
Сылгоймаг хъуамæ зона алцыдæр: хæринаг скæнын, бафснайын, сывæллонмæ кæсын, уымæй фæстæмæ ма хъуамæ уа адæймаг, фыццаджыдæр. Хъуамæ уа зæрдæйæ адаймаг, бамбара нæлгоймаджы.

Ирон лæппуйæ та цы зæгъдзынæ?

— Ныртæккæ зын заман у. Ирон лæг, ирон сылгоймаг мæх æмбарæм нæ раг фыдæлтæм гæсгæ. Раст у, æви нæу раст. Фæлæ уæды цард æмæ ныры цард æмхуызон не'сты. Мах зонæм, нæ фыдæлтæ куыд цардысты, цы агуырдтой кæрæдзийæ æгъдауы фæдыл. Нæ бон куыд у, уыцы хабар мах дæр кæнæм. Фæлæ кæмдæр къах скъуырæм, кæмдæр цард амоны йæхи. «Æнæрæдигæ дуне нæй!» — Къоста дæр ма йæ загъта. Ныййарджытæм кæсгæйæ цæрæм. Хуыцауæн табу, мæнæн мæ ныййарджытæм фæнды кæсын, сæ хуызæн уæвын. Ис ирон æгъдау. Цы баззади, уыцы æгъдау, алчи йæхицæн хъуамæ бамбарын кæна.

Кæд ирон дæн, хъуама иронау цæрон, раст агъдаумæ гæсгæ. Зын фарста у. Стыр Ныхасы куы бадтаин, уæд æндар хуызы дзырдтаин, æвæццæгæн . Æз æрыгон лæппу дæн. Æз дæр, æвæццæгæн, алы бон рæдыйын, æмæ мын зын у дзурын. Фæлæ тырнын, цæмæй мæнæй дæр исчи зæгъа «Ай у æцæг ирон лæг!»

Ис ма мæм ахæм вазыгджын фарста: куыд дæм кæсы, цы у ирон æгъдауы бындур?

— Кæддæр ма йæ загътон, ирон æгъдауы бындур сты бинонтæ. Æмæ бинонтæ кæрæдзийы куы æмбарой, хистæртæ æмæ кæстæртæ кæрæдзийæн аргъ куы кæной, уæд дзы рауайдзæн раст ирон фæлтæр.
Нæ комкоммæ ныхасы фæстæ Алан ракодта зæрдиаг арфæ. Уæ хъус æм æрдарут!

— Ирон адæймаг ирон адæймагыл куы фембæлы, уæд ын «Салам» зæгъы, къух радты. Ирыстоны куы фембæлæм, уæд уый диссаг нæу, фæлæ æндæр рæтты куы фембæлæм, уæд кæрæдзийы хъуамæ бафæрсæм: «Куыд царыс?». Кæрадзийы хъæуы æмбарын æмæ уарзын. Мæхицæн дæр уый фæзæгъын, цæмæй мæ бон уа адæмы бамбарын кæмфæндыдæр. Се'ппатæн уынаффæйы хуызы зæгъын: кæрæдзийы уарзут æмæ æмбарут.

Мах та йæ гуырæнбоны фæдыл Аланæн кæнæм зæрдиаг арфæ æмæ йын зæгъæм, цæмæй йæ алы ног райдзаст хъуыды дæр рæсугъдæй, цингæнгæйæ æххæст кæна. Æмæ цæмæй нæ райгуырæн Ирыстоны ном Аланы руаджы кадджынæй кадджындæр кæна!

Æхполты Зæринæ æмæ noar.ru