Газета Хурзарин от 21 июня

ФЕСТЫ РАУАГЪДОН ФÆЛВАРÆНТÆ

Хуссар Ирыстоны паддзахадон æмæ æнæпаддзахадон иумиага-хуырадон астæуккаг скъолаты ацы бонты фесты рауагъдон фæлварæнтæ. Иууыл иумæ 11-æм къласы уыд 6 фæлварæны. Сæйрагдæртæ уыдсты уырыссаг æвзаг   (фысгæйæ), математикæ (фысгæйæ), уырыссаг литературæ (дзургæйæ), ирон æвзагæмæ литературæ (дзургæйæ). Иннæ дыууæ фæлварæны та уыдысты равзæрстмæ гæсгæ, ома, рауагъдонтæ цы предмет равзæрстой, уымæй лæвæрдтой фæлварæнтæ.

Ахæм предметтæм та хаудтой фæсарæйнаг æвзæгтæ, биологи, хими, физикæ, истори, æхсæнадзонынад.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ рауагъдонтæн сæ зонын-дзинæдтæ ныллæг кæй нæ уыдысты, æмткæй сисгæйæ уыдысты цæттæ. Майдантæ райсынмæ сæ кандидаттæ чи уыд, уыдон дæр сæ ацы кад бахъахъхъæдтой.Рауагъдонтæн сæ 85% фæнд кæнынц алыгъуызон уæлдæр ахуыргæнæндæттæм бацæуын Ирыстоны дыууæ хайы, Уæрæ-сейы æмæ æндæр бæстæты дæр. Бантысæд сын! 

БАИУГОНД ШТАБЫ ХЪУСЫНГÆНИНАГ

Сабырад бахъахъхъæныны фæдыл Æмхæццæ тыхты баиугонд штабы уыдис Æмхæццæ контро-лон къамисы хуссарирыстойнаг æмæ гуырдзиаг фæрсты æмсæрдæрттæ Цоциты Барис æмæ Георги Хаиндравайы кусæгон фембæлд Сабырад бахъахъхъæныны фæдыл æмхæццæ тыхтыл командæгæнæг инæлар-майор Марат Кулахмето-вимæ. Уый тыххæй агентад «РЕС»-ы уацхæссæ-гæн фехъусын кодта, Сабырад бахъахъхъæныны фæдыл Æмхæццæ тыхтыл командæгæнæджы хæдивæг дзыллон информацийы фæрæзтимæ куысты фæдыл Владимир Иванов. Фембæлды рæстæджы сæйраг хъусдард здæхт æрцыд, Присы хъæуæй дæллаг Аргвицмæ иуфарсон æгъдауæй пост рахаст кæй æрцыд æмæ уымæ гæсгæ гуырдзиаг-ирон конфликты зонæйы уавæр кæй фæкарздæр, уыимæ баст фарстытæм. 

ЦОЦИТЫ БАРИС ÆМÆ ГЕОРГИ ХАИНДРАВАЙЫ ФЕМБÆЛД

Хуссарирыстойнаг фарсы инциативæмæ гæсгæ уыдис Æмхæццæ контролон къамисы хуссар-ирыстойнаг æмæ гуырдзиаг фæрсты æмсæрдæрттæ Цоциты Барис æмæ Георги Хаиндравайы фембæлд. Уый тыххæй «РЕС»-ы агентады уацхæссæгæн фехъусын кодта РХИ-йы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг, Æмхæццæ контролон къамисы хуссарирыстойнаг хайы æмсæрдар Цоциты Барис.Цоциты Барисы ныхæстæм гæсгæ, «фембæлд уыдис, Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады спецназы пост ирон Присы хъæуы кæронмæ хаст кæй æрцыд æмæ гуырдзиаг-ирон конфликты зонæйы уæлæмхас æнæзакъонон постты нымæц кæй фæфылдæр, уый тыххæй.Фембæлды рæстæджы къухты бафтыд æмæ бадзырдæуыд Æмхæццæ контролон къамисы уынаффæты фæлгæтты цыппар фарсы ‘рдыгæй мидхъуыддæгты министрты фембæлд ауадзын, цæмæй координаци цæуой Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрадты архайдтытæ. Афтæ куы нæ уа, уæд уавæр гæнæн ис фæкарздæр уа», — банысан кодта Цоциты Барис. 

КÆЙ ХЪУЫД БÆРЗОНД ÆМВÆЗАДЫЛ ФЕМБÆЛД?

..Михаил Саакашвили рагæй агуырдта Владимир Путинимæ лæгæй-лæгмæ фембæлыны фа-дат, стæй йын йæ америкæйаг сæрхъызойтæ дæр фидарæй бауынаффæ кодтой Уæрæсеимæ баныхас кæнын.Фæлæ уæддæр петербургаг фембæлдæй территориалон быцæутæ аскъуыддзаг кæнынæн уæлдай ахадгæ уынаффæтæм æнхъæлмæ ничи каст. Политолог, Æхсæнадон палатæйы уæнг Анд-роник Мигранян «АиФ»-æн куыд загъта, афтæмæй «Тбилис абон бынтондæр ницы юридикон бар дары нæ дæр Абхазмæ, нæ дæр Хуссар Ирыстонмæ. Гуырдзыстоны къухдариуæгад цы арæнтæ домы, уыдон уыдысты æрмæстдæр административон арæнтæ ССР Цæдисы фæлгæтты. Диссаг уый у, æмæ Гуырдзыстон æнæуынон ахаст дары æппæт советон рæстæгмæ, фæлæ йын уарзы йæ административон арæнты».Геополитикон проблемæты Академийы вице-президент Леонид Ивашовы хъуыдымæ гæсгæ Гуырдзыстоны президент спайда кодта Эдуард Шеварднадзейы зæронд цæвиттонæй — «Уый уарзта Уæрæсейы азымы дарын, фæлæ-иу куыддæр йæ бæстæйы мидæггагон змæст уавæр æхсидын райдыдта, афтæ фæдзырдтаид Ельцинмæ, фембæлын домгæйæ».                                                                       

 АИШ-Ы СПЕЦИАЛОН ОПЕРАЦИТÆ КОНФЛИКТЫ ЗОНÆЙЫ

Зындгонд куыд у, афтæмæй 16-17 майы Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар Джон Тефт хайад иста Гуырдзыстоны Æдасдзинады Советы рабадты, кæцыйы уынаффæ цыдис Хуссар Ирыстоны фарст тыхы руаджы аскъуыддзаг кæныны планыл. Сусæггаг никæмæн у уый, æмæ «вашингтойнаг цæргæстæ» активонæй кæй хæцынц конфликты зонæйы ситуаци фæкарздæр кæныны фæдыл Гуырдзыстоны разамынад цы цыппар этапон план раразмæ кодта, уый фарс. Фæлæ америкæйæгтæ ныридæгæн ныхæстæй хъуыддагмæ рахызтысты, уый зындгонд ссис æрмæстдæр абон.Республикæ Хуссар Ирыстоны спецслужбæтæ райстой информаци уый тыххæй æмæ 9 июны гуырдзиаг хъæу Аунеумæ хæстæг автомашинæ «Нива» фехсыны хайад кæй истой канд Гуырдзыстоны полицийы кусджытæ нæ, фæлæ америкæйаг инструктортæ дæр.Ацы информацимæ гæсгæ бынтондæр бæлвырд у фарст «уæддæр чи цымыдис кæны гуыр-дзиаг-ирон конфликт дарддæр эскалаци кæнынмæ?» -йæн дзуапп. Æндыгъддзинады ног уылæн йæ къух аразы æрмæстдæр Михаил Саакашвилийы фæсокейанаг хицæуттæн, кæ-цытæ сæ ахуыр кæнынц канд диверситæ ауадзыны методтыл нæ, фæлæ ма конфликты зонæйæ пайда кæнынц, куыд се специалон операцитæ ауадзынæн полигон. 

ЮБИЛЕЙОН ТУРНИР  ШАХМАТТÆЙ

Фæсивæды хъуыддæгтæ, физикон культурæ, спорт æмæ туризмы фæдыл министрад горæты администрациимæ иумæ 10 июнæй райдыдта уадзын республикон турнир шахматтæй. Уыцы турнир уагъд цæуы Гасситы Отары райгуырдыл 85 азы кæй сæххæст, уый цытæн. Турниры хайад райсын сæ бон у, алы кар адæймæгтæн дæр. Турнир бацæуæн ныхасæй байгом кодта сæйраг тæрхонгæнæг Къæбысты Федыр. Уый æрбацæугæ адæмæн арфæ ракодта, стæй цыбыртæй æрдзырдта æмæ сæ базонгæ кодта Гасситы Отар чи уыдис, спортуарзджытæ йын ахæм стыр аргъ цæмæн кæнынц, уыдæттимæ. Уый фæстæ ма турниры хайадисджытæн арфæйы нæхстæ загъта Фæсивæды хъуыддæгтæ, физикон культурæ, спорт æмæ туризмы фæдыл министры хæдивæг Тедеты Владимир. Æмæ уый фæстæ хъазын райдыдтой турниры хайадисджытæ. Турниры фыццаг боны хайад райстой 8 адæймаджы æмæ ма æнхъæлмæ кастысты районтæм дæр. Ныртæккæ турнир йæ куыст фæцис, рабæрæг сты уæлахиздзаутæ.ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ 

ÆППÆТДÆР АРАЗÆМ, ЦÆМÆЙ УАВÆР УА СТАБИЛОН

Ивгъуыд къуырийы гуырдзиаг-ирон конфликты зонæйы уавæр кæй фæкарздæр, уый фæдыл 16 июны РХИ-йы Мидхъуыддæгты министр Миндзайты Михаил ауагъта бынæттон æмæ гуырдзиаг журналисттæн пресс-конфе-ренци. Фембæлды рæстæджы журналистты цымыдис кодта ахæм фарст, зæгъгæ, Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады спецназы æнæзакъонон архайдтытæ дестабилизаци кæнынц уавæр конфликты зонæйы. «Фæстаг рæстæджы Гуырдзыстоны тыхон структурæтæ цы загъдкъахæн мадзæлттæ уадзынц, уыдон здæхт сты, цæмæй Хуссар Ирыстон сæ провокацион архайдтытæн радта дзуапп. Фæлæ мах аразæм æппæтдæр, цæмæй ахæм æнæбындур провокацитæ мацæмæ дарæм. Фæлæ ма банысан кæнын хъæуы уый, æмæ нæ республикæйы цæрджытæ ахæм архайдтытæм кæсгæйæ бирæ кæй нæ бабыхсдзысты. Тæссаг уый у, æмæ Гуырдзыстоны къухдариуæгад æмбæлон хъусдард кæй не здахы, йæ тыхон структурæты куыстмæ». Миндзайты Михаил ма банысан кодта, зæгъгæ, мах фарсæрдыгæй æппæтдæр арæзт цæуы, цæмæй конфликты зонæйы уавæр уа стабилон. Журналистты цымыдис кодта, зæгъгæ, кæд хъуамæ уа РХИ-йы æмæ Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрты фембæлд. Уыцы фарсты фæдыл загъта, зæгъгæ, мах хъæуы фембæлын æмæ æппæт нæ структурæтæм хауæг фарстатыл æрдзурын. Хуссар Ирыстон уыцы фембæлдмæ у цæттæ, фæлæ уыцы фембæлд, æвæццæгæн, кæмæндæр пайда нæу, уымæн æмæ уыцы фембæмды фæстæ гæнæн ис æмæ дыууæ министрад æрцæуой иу хъуыдымæ, æмæ уый та хъыг дары ахæм провокацион архайдтытæн. Информацион фæрæзты минæвæртты ма цымыдис кодта фарст 27 майы гуырдзиаг спецназы хæстонтæ амынæтты цы ирон акодтой  бæлццæтты , уыдоны бафхæрыны тыххæй цы куыст цæуы. Уый фæдыл Миндзайты Михаил загъта, зæгъгæ, уыцы загъ-дкъахæн архайды тыххæй Гуырдзыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ хъуамæ бакусой сæхæдæг, кæд махæй уыцы хъуыддаджы фæдыл исты аразгæ уа, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, æппæтдæр сараздзыстæм, цæмæй уыцы фыдракæнды аххосджынтæ æфхæрд баййафой.

 22 ИЮНЫ СТЫР ФЫДЫБÆСТÆЙОН ХÆСТ РАЙДАЙЫНЫЛ ÆХХÆСТ КÆНЫ 65 АЗЫÆНДОН УАРТАУ СЛÆУУЫДЫСТЫ ФАШИЗМЫ НЫХМÆ

Абон, зæрдæйыл риссаг уæзæй чи уæз кæны, ахæм мысæн бон у алкæмæндæр: канд раздæры Советон Цæдисы республикæты адæмтæн нæ, фæлæ æгас планетæйы цæрджытæн дæр. Уымæн, æмæ дыккаг дунейон хæст анхъæвзта дунейы 60 паддзахадæй фылдæрыл. Уыцы хæсты ныккалд иууыл фылдæр туг æмæ уыд æнæкомп-ромиссон. Ацы бон æцæгæйдæр у цæссыгæвдылд; абоны зонæнтæм гæсгæ уым фæмард 27 милуан советон æмбæстаджы. Ветерантæ хорз зонынц, уыцы уæлахиз сæ къухты куыд бафтыд, уый аргъ, фæлæ дзы æндæр гæнæн нæ уыд — уымæ сæм сидт Райгуырæн бæстæ. Мæскуыйы бын карз тохты фæстиуæгæн «блицкриг»-ы (тагъд хæсты) план куы фехæлд, уæд Гитлер бамбæрста, Уырысимæ хæст, уæд кæй райдыдта, уый.  Нал ын бантыст Мæскуыйы Сырх фæзуаты, Уæлахизы парад ауадзын. Се 'ппæт тохтæй сын Сталинград æмæ Курскы цур тохтæ йæ астæумагъз асаста вермахтæн. Волгæйы былыл Гитлеры дивизитæн сæ тых асаст, уæд фесæфтой иу милуан æмæ æрдæгæй фылдæр æфсæд-доны, æнæвгъау цагъд баййæфтой. Дыууæсæдæ бон æмæ æхсæвы æнæхъæн дуне стыр цымыдисæй сæ хъус лæмбынæг дардтой уырыссаг цæугæдон Волгæйы былыл ацы гигантон тохмæ.Ам бирæбæрцæй скъуыддзаггонд цыд дыккаг дунеон хæсты кæрон. Æгадæй фæцис номдзыд немыцаг фельд-маршал Манштейны план. Уымæн йæ хæс уыд Сталинграды цур æрхъулайы бахауæг инæлар Фридрих Фон Паулюсы 60-æм дивизийы æфсад ссæрибар кæнын. Знæгты æфсæдтæй æрхъу-лайы бахауæг къорд, ныр та фельдмаршал Паулюсы сæр-гълæудæй, сæхи уацары радтой. Сталинград скад кодта Сталин æмæ Советон æф-сæддонтæн! Зындгонд Курскы къæ-лæтау! Немыцæгты стратегион план, стыр ныфс сæ кæмæй уыд, уый сусæг ном хуынд «Цитадель». Егъау бабырстон операцийы дыккаг этап «Пантера» — уый хæс та уыд Мæскуыйыл алæгæрдын. Фæлæ сын фæмæнг сты… Курскы къæлæтауы тохтæ уыдысты фашистон Германы кæроны райдайæн. Немыц ацы тохты схуыдтой стыр бæллæх æмæ сæхи банымадтой бынсæфтыл. Советон Гарзджын тыхты 25 азы сæраппонд Чарли Чаплин дзырдта: «Красная Армия, Сталинград — эти два слова прозвучали по всему миру, и они отдадутся эхом через всю историю человечества… Ваш боевой дух, ваша непокалебимая вера и уверенность в будущем вашей великой Советской республики стали символом надежды всех демократически настроенных людей… Россия, ты завоевала восхищение всего мира… Русские, будущее — Ваше».1943 аз. Курскы бын Советон Æфсадмæ фæзынд реактивон системæ — «Катюша», кæцыйæн йæ номæй дæр знæгтæ арвы талынгты кодтой. Фондз сæдæ бон æмæ æхсæвы хазуатон тохтæ фесты вермахты стыр фыдбылызæй. Растæндæр уыцы рæстæджы Гитлер загъта, ома Уырысимæ хæсты бабырстытæн ницы тых ис, уымæй сын ницы ракæндзы-стæм. Стыр танкæйон тох æрцыдис хъæу Прохоровкæйы цур. Немыцы уæззау танкæтæ «тигртæ» æмæ «пантерæтæ» цыппар боны хæсты фæстиуæгæн дæрæнгонд æрцыдысты. Æппынфæстаг, 1943 азы, Тегеран фæндаг радта дыккаг фронтæн. Æниу уæдмæ Гитлерон Германæн йæ хъысмæт скъуыддзаг уыд. Черчилы ныхæстæм гæсгæ, Англис Германæн аккаг ныхкъуырд хъуамæ радтаид 1944 азы, десанттæ хъуамæ барвыстаид Францыл Ла-Маншы канауыл. Тегераны рагацау плангонд æрцыд Францы Цæгат-Ныгуылæн æмæ Цæгаты æфсæддон-денджызон хæйтты операци. 1944 азы 5-6 июны англисаг — америкаг — канадæйаг десант кæй барвыстой, уый уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты егъау нысаниуæг кæмæн уыд, ахæм цау. Нормандийы бакалдтой бирæнымæц æфсæддон-уæлдæфон десантты. «Оверлорд»-ы операци плангонд уыд америкæйаг инæлар Эйзен-Хауэры сæргълæудæй. Англис — америкæйаг десант Нормандимæ барвитыны тыххæй америкæйаг газет «Джорнал» 1944 азы июны фыста: «Россия начала крупное наступление, вынуждившее немцев держать миллионы своих войск на Восточном фронте, которые в противном случае могли оказать сопротивление американцам во Франции».Раст у, комкоммæ дæр Скæсæны фронты цыдысты иууыл карздæр тохтæ суанг хæсты фæудмæ. Фашисттæ уым куынæг æрцыдысты, хæцын кæм райдыдтой, хæст кæцæй райдыдта, фæугæ дæр уым фæкодта.1400 тугæвдылд æхсæв æмæ боны тохтæ фесты фашистон Германы æххæст æмæ æнæуæлдай ныхас капитуляцийæ, уыимæ ма Берлины горæтгæрон Карлхорсты 1945 азы 8 майы (Мæскуыйы рæстæмæ гæсгæ 9 май) сæ къухтæ дæр æрфыстой.Америкæйаг газет «Дейли Уоркер» фыста: «Умер ли Гитлер на самом деле, гниют ли его вонючие останки под грудами мусора — не более как исторический курьез. Великая правда истории заключается в том, что гитлеризм и тысячелетний рейх погребены под руинами Берлина».Нæ зынаргъ ветерантæ! Ацы уац фыст у уæ номыл, цæмæй нæ абоны фæлтæртæ зоной, цахæм уæззау тохты бахъахъхъæдтат сымах Райгуырæн бæстæйы. Уæд сымах, æвзонг, рæсугъд, хъæбатыр æмæ æдасуæвгæйæ — уæндонæй æмæ кадимæ æрхастат Уæлахиз. Уый сымах скад кодтат нæ бæстæйæн, Советон адæмæн.Мах уæ уарзæм, аргъ уын кæнæм уæхицæн дæр æмæ уæ Уæлахизы хъуыддæгтæн дæр. Нæ сæр ныллæг къул кæнæм уæ разы, кадджын æмæ радджын ут, нæ зынаргъ ветерантæ!ДЖИОТЫ Евгения,историон зонæдты доктор, профессор 

«ГЕРМАНЫ ÆФСÆДДОН МАШИНÆ»

Стырбританийы премьер-министр У. Черчиль ССР Цæдисы Министрты Советы Сæрдар И. В. Сталинмæ 1944 азы 27 сентябры йæ фыстæджы фыста: «Комкоммæ дæр уырыссаг æфсад йæ тъæнгтæ федте кодта Германы æфсæддон машинæйæн». Инæлар Эйзенхауэр та уæд афтæ загъта:«… дуне æвдисæн ссис, уырыссаг æфсады салдæттæ нацистон æфсæддон машинæйы цæфы æппæт хъомысад сæхирдæм куы аздæхтой æмæ йæ кæронмæ куы скуынæг кодтой, уыцы хъахъхъæнынадон хæсты уæлахиздзинады историйы иууыл хъæбатырдæр сгуыхтдзинадæн. Ныртæк-кæ мах æвдисæн стæм ноджы стырдæр æфсæддон эпопеяйæн — иттæг стыр размæбырстæн…»Æмæ… 65 азы размæ цы хæст райдыдта рæстаг адæм кæуыл фæуæлахиз сты уыцы хæст фальсификатортæ згъуыммæ кæнынц. Мæнгдзинæдтæ дзурынц нæ тохы сæрибаргæнæг характерæй. Нырма дæр ис афтæ дзурджытæ, зæгъгæ, хæсты уæлахиздзинадмæ советон Гарзджын тыхтæ стыр хайбавæрд нæ бахастой.Советон-гермайнаг фронты иудадзыгдæр Германы зæххылцæуæг æппæт æфсады 60-70% фылдæр кæй уыд, уыцы факт ничи аиуварс кæндзæн. Хæсты фæудмæ та гитлерон командæкæнынад фактон æгъдауæй Хурныгуылæны нал хæцыд, æппæт йæ тыхтæ стыгуыр кодта Советон Æфсады ныхмæ.Сталинграды советон хæстонты чысыл къорд сержант Яков Павловы командæ скуынæг кодта, Париж сисыны рæстæджы немыцаг-фашистон æфсадыл цы зиан æрцыд, уымæй фылдæр гитлеронтæ.Зындгонд куыд у, афтæмæй Сталинграды дæрæн æмæ уацары раконд æрцыд, фельдмаршал Паулюс кæуыл командæ кодта, уыцы 6-æм арми. Ацы арми дæрæн кæй æрцыд, уый тыххæй Германы æртæ боны дардтой сау. Фæлæ цы арми фесæфт, уый баххæст кæныны тыххæй гитлеронтæ сарæзтой ног арми æмæ йæ схуыдтой 6-æм мастисæг арми. Уый хæцыд Украинæйы.Хæсты быдырты ныккалд нæ фырттæ æмæ чызджыты туг. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты советон адæмæй фæхъуыд 20 милуан адæймаджы.Раздæры гитлерон инæлар Дерр йæ чиныг «Сталинградмæ балцы»-йы фыста: «… 1942 азы Сталинград ссис дыккаг дунеон хæсты фæзилæн пункт. Сталинграды цур тох Германæн уыдис йæ историйы иттæг уæззау басаст, Уæрæсейæн та — иттæг стыр уæлахиздзинад».Советон Æфсады къухты бирæ ахсджиаг фæстиуджытæ бафтыд размæ бырсыны бирæ операциты. Уыимæ не 'мцæдисонтæ барæй фæстæмæ-фæстæмæ кодтой, дыккаг фронт кæй хуыдтой, уый æмæ йæ байгом кодтой æрмæстдæр, хæсты фæуд скъуыддзаг куы 'рцыд æмæ Советон Цæдис йæ цæдисонты хæс иттæг хорз куы сæххæст кодта, уæд. Раст гъеуæд, 1945 азы 4 январы америкæйаг 3-æм армийы командæгæнæг инæлар Д. Паттон йæ бонæджы ныффыста: «Мах, гæнæн ис, æмæ фембылды уæм ацы хæсты». Уыцы рæстæджы цæдисонты æфсадæн уыд тынг зын, фæлæ уæддæр фæуæлахиз стæм!Тынг ахсджиаг æмæ историон у, комкоммæ дæр Советон Æфсад Берлинмæ уæлахизæй кæй ныццыд, уый. Æмæ уæд дзуапп æрдомдтой гитлерон æфсады сæргълæуджытæй сæ фыдракæндты тыххæй.Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдианы дæр советон адæм æмæ йæ Гарзджын тыхтæ нæ фæтарстысты зындзинадæй, уырныдта сæ, сæ рæстаг хъуыддаг кæй фæуæлахиз уыдзæн, уый.Ирыстон дæр йæ æппæт тыхтæ смобилизаци кодта знагæн аккаг ныхкъуырд радтынмæ, йæ хуыздæр фыртты растын кодта фашистон тыхæйисджыты ныхмæ хъæбатыр тохмæ æмæ дзы сæрысуангæй фæкодтой хъæбатыр тох. Бирæ, тынг бирæйæ дзы сæ уæзгуытыл нал сæмбæлдысты æмæ сын абон арæм сæ рухс нæмттæ.Кад æмæ цыт, уæлахизæй дзы чи рыздæхт, абон дæр не хсæн чи ис, уыдонæн!Абон та нæ фæсивæд цырддзастæй хъахъхъæнынц нæ Ирыстоны, йæ адæмы сабырад! 

АФТÆ РАЙДЫДТА ХÆСТ

1941 азы 31 январы ССР Цæдисмæ æрбабырсыны план — «Барбароссы» планмæ гæсгæ Германы сурзæххон æфсæдты сæйраг командакæнынад бардзырд радта йе 'фсæдты Советон Цæдисы арæнгæрæттæм æрбакæныны тыххæй.Германы хицауад тырныдта йæ авантюрон плантæм ног паддзахадты бакæнынмæ. Ацы нысанæн 1940 азы фæззæджы æмæ 1941 азы уалдзæджы хæстон бадзырдтæ сарæзта Румын, Болгари, Венгри æмæ Финляндиимæ, æмæ уый фæстæ та хæлардзинады тыххæй пакт сарæзта Туркимæ. ССР Цæдисы арæнгæрон районты фашистон Герман уæрæх райтынг кодта ног фидæрттæ, аэродромтæ, æфтауцдæттæ, сосæ æмæ æфсæнвæндæгты арæзтад. «Барбароссы» планмæ гæсгæ Германы гарзджын тыхтæ хъуамæ цæттæ уыдаиккой, цалынмæ Англисы ныхмæ хæст фæуыдаид, уæдмæ хæрз цыбыр рæстæджы Советон Уæрæсейы ныддæрæн кæнынмæ. Ныгуылæн Уæрæсейы чи уыдысты, уыцы уырыссаг сурзæххон æфсæдты сæйраг тыхтæ хъуамæ дæрæн æрцыдаиккой размæ ныфсджын абырстыты фæстиуæгæн.Германы гарзджын тыхты уæлдæр сæйраг командакæнынады 1941 азы 13 майы директивæйы нысан цыд советон æфсæддон службæгæнджытæм æмæ æмбæстагон цæрджытæм æххæст æгъатыр-дзинад æвдисын, уацары бахауæг Сырх Æфсады политкусджыты æмæ советон уагдæтты службæгæнджыты куынæг кæнын.Басастгонд адæмты скуынæг кæныны фæдыл немыцаг фашистты æгъатыр хъуыдытæ уæлдай ирддæрæй æвдыст æрцыдысты гестапойы хистæр Гиммлеры бакуыстгонд афтæ хуыйнæг генералон план «Ост»-ы. Уыцы планмæ гæсгæ куынæг æмæ тыхæй æрвыст хъуамæ æрцыдаит 51 милуан адæймаджы. Кусæг тыхы хуызы хъуамæ ныууагъдæуы-даид 14 милуан æмæ уыдоныл æлдариуæг кæныны сæраппонд бацахстгонд территоримæ хъуамæ æрбарвыстаиккой 10 милуан немыцаджы.Советон Цæдисы ныгуылæйнаг арæнгæрæттæм æрбакалдæуыд немыцаг æфсæдтæ: 130 дивизийы — сæ рæнхъыты уыд 5500 мин салдат æмæ афицеры, 4300 танк æмæ штурмгæнæн хотыхы, 4980 хæстон хæдтæхæджы, 47200 сармадзан æмæ минæ-æхсæны.Фашистон Германы æмæ се 'мцæдисонты уыцы тыхты ныхмæ лæууыдысты арæнгæрон æфсæддон округты советон æфсæдтæ. Се сконды уыд 170 дивизийы æмæ 2 бригады — сæ иумиаг нымæц 2650 мин адæймаджы. Уыдон хотыхджын уыдысты 1800 танкæй, 1540 хæстон хæдтæхæгæй, 37500 сармадзан æмæ минææхсæнæй.Гъе, æмæ 1941 азы 22 июны райсомы 4 сахатыл фашистон æфсæдтæн ССР Цæдисмæ бабырсыны тыххæй сигнал лæвæрд куы 'рцыд, уæд æваст фæкодтой хъомысджын артиллерион цæф æмæ цалдæр минутмæ немыцаг æфсæдтæ æрбафсæрстой нæ бæстæмæ. Мингай бомбæтæ æркалдæуыд нæ аэродромтыл.Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст — социализм æмæ империализмы ‘хсæн иууыл егъаудæр æмæ тугкалæндæр хæст. Уый аххæст 1400 бон æмæ æхсæвы. Райдианы егъау капиталистон бæстæтæ — Англис æмæ Францы ныхмæ фашистон Германы хæстæн уыд империалистон характер. Фæлæ адæм сæ хицауадтæй куы æрдомдтой, цæмæй ноджы фæактивондæр кæной фашистон тыхæйисджыты ныхмæ сæ хæстон архайдтытæ, уæд хæстæн уыд бынтон æндæр характер.Советон æфсад бонæй-бонмæ тыхджындæр кодта ныхмæлæууынад. Советон æфсæдтæ фидар ныхкъуырд лæвæрдтой Мурманск, Ленинград æмæ бирæ æндæр советон горæтты бацахсынмæ немыцаг тыхæйисджыты бафæлвæрдтытæн.Коммунистон парти æмæ Советон хицауад хæсты фыццаг бонтæй фæстæмæ æппæт экстренон æмæ ахадæн мадзæлттæ истой æрбабырсæг агрессорæн ахъаззаг ныхкъуырд сорганизаци кæныны фæдыл. Уæззау фæлварæнты рæстæджы уыдон æрсид-тысты советон адæммæ, цæмæй растадаиккой социалистон Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ æмæ знаджы ныддæрæн кæнынмæ æппæт тыхты дæр смобилизаци кæнынмæ. Хицауады хъусынгæнинаг фæуд кодта ахæм ныхæстæй: «Нæ хъуыддаг раст у. Знаг дæрæн æрцæудзæн. Мах фæуæлахиз уыдзыстæм!»Æмæ, æцæгдæр, милуангай советон æмбæстæгтæ растадысты цыфыддæр знаджы ныхмæ тохмæ. Знаджы ныхмæ хъаруджынæй тох кодтой ирæттæ дæр. «Ирон адæмы фырттæ гитлерон тыхæйис-джыты ныхмæ тохы равдыстой æхсар æмæ лæгдзинады цæвиттонтæ»,- дзырдæуы СЦКП ЦК æмæ Советон хицауады арфæйы. «Дзырд «Ирон» цытимæ дзурынц Фыдыбæстæйон хæсты æппæт фронтты дæр. Уымæн æмæ ирæттæ сæхи равдыстой хъæбатыр æмæ намысджын хæстонтæй», — фыста Петр Павленко.Ирæттæ немыцаг æфсæдты ныхмæ тохы æвдыстой æгæрон стыр æхсардзинад. Советон Цæдисы Хъайтары ном ирæттæй райста 33 адæймаджы. Уыдонæй æппæты фыццаг Хъайтары номы аккаг ссис Дзауы районы Сохты хъæуккаг Остъаты Алекси. Уый уыдис æхсарджын тæхæг. Ирон адæмæй никуы ферох уыдзысты Плиты Иссæ, Хетæгкаты Георги, Мамсыраты Хаджи-Умар, Карсанты Хъазбег, Цоциты Вася, Кобылты Сергей, Хъоцыты Къоста, Харебаты Алекси, Зелимхан æмæ бирæ æндæрты нæмттæ.Фашизмы ныхмæ тохты азты уæлдай ирддæрæй разындысты, ирон адæмæн характерон чи уыдысты — уыцы иууыл хуыздæр миниуджытæ — лæгдзинад, фидардзинад, æхсардзинад, хæс æмæ ардбахæрдыл æнувыддзинад, Райгуырæн бæстæм æгæрон уарзондзинады миниуджытæ. РОХ НЕ СТЫ СÆ НÆМТТÆНæргæ хъæу уыд Сарабукъ. Кæддæр дзы, ивгъуыд æнусы 90-æм азты 120 хæдзары бинонтæ цардысты — Æлбортæ, Цъæхилтæ, Гуыцмæзтæ, Кокойтæ, Болататæ, Куымæридтатæ, Пухатæ, Хъуылымбегтæ, Дудайтæ, Гæбæратæ, Миндиашвилитæ- иууыл иумæ 14 мыггаджы. Хъæу хицæн кодта сыхтыл — Уæллаг Сарабукъ, Дæллаг Сарабукъ. Гуырдзыйы хæст ацы хъæуыл дæр йæ дæрзæг арм æруагъта — ныр ма дзы бæрцæй цалдæр хæдзары бинонтæ баззадысты, хъæу стæнæг.Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ ардыгæй ацыдысты 18 цæргæсы æмæ дзы сæ хæдзæрттыл нал сæм-бæлдысты дæсæй. Чи ма дзы æрæздæхт, уыдон дæр сæрæгас нал сты.Ацы хъæуы цардысты Цъæхилты Миха æмæ йæ цардæмбал Туаты Текъле. Фæрнджын бинонтæ, уыд сын 6 лæппуйы æмæ 3 чызджы. Сæ фырттæй Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ ацыдысты æртæйæ — Уасил, Серги æмæ Ясон. Уасил (къамы) бирæ бæрнон бынæтты фæкуыста, уыдис сæхимæ хъæусоветы сæрдар. Цхинвалы сарæзта хæдзар дæр. Хæсты быдыры уыдис взводы командир лейтенанты чины. 1942 азы уæззау цæф фæцис æмæ уæд æрыздæхт йæ райгуырæн бæстæмæ. Куы фæсæрæн, уæд 6 мæйы фæстæ ногæй ацыд тохы быдырмæ æмæ æбæрæгæй фесæфт. Уыдис ын цалдæр хорзæхы. Йæ дыууæ лæппу æмæ уал чызгыл сидзæры ном абадт æмæ сæ мад Джыккайты Аграфин афтæмæй хъомыл кодта. Ныр даргъ- уæрæх ацыдысты йæ цот, ис сын хъæбулы хъæбултæ дæр.Уасилæн йæ лæппутæй сæ иу Нодар рагæй агуырдта йæ фыды хъысмæты тыххæй бæлвырдгæнæнтæ, фыста алы рæттæм æмæ йæм иурæстæджы Мæскуыйæ æрцыд дзуапп — Подольскы тохты æбæрæгæй фесæфт. Афтæ бабын замманайы ирон лæппу. Йæ кæстæртæ йын нæ рох кæнынц йæ ном, мысынц æй хорзæн.Карз тохты 5 хатты фæцæф иннæ æфсымæр Ясон дæр. Æрæздæхт Уæлахизы фæстæ Ирыстонмæ æмæ фæллой кæнынæй не ‘нцад. Ивгъуыд азы 85 аздзыдæй фæзиан Беслæны.Йæ хъысмæт хуыздæр нæ разынд астæуккаг хæстон æфсымæр Сергийæн дæр. Уый дæр фæцæфтæ цалдæр хатты, мæлæтдзаг цæф та фæцис Краснодары крайы æмæ ныгæд дæр ис уым. Йæ цот та цæрынц Цæгат Ирыстоны.Ясон æмæ Серги дæр уыдысты бирæ хæстон хорзæхты хицау.Афтæ, æмæ Цъæхилты Миха æмæ Туаты Текълейы хæдзарæй Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ цы 3 лæппуйы ацыдысты, уыдонæй абон иу дæр сæрæгас нал у. Фæлæ цæры сæ ном, сыкъайыдзагæй сæ æрæмысынц сæ кæстæртæ, уыдон цот.                                                                              

    ДОХТЫРТÆ ÆРЦЫДЫСТЫ КИСЛОВОДСКÆЙ

Уæрæсе æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æхсæн интеграцион политикæйы фæлгæтты горæт Цхинвалмæ æрцыдысты дохтыртæ- офтальмологтæ цæсты низтæ æмæ цæсты микрохирургийы Фёдоровы клиникæйы филиалæй, кæцы ис горæт Кисловодскы. 20 июнæй горæты поликлиникæйы уыдон исын райдыдтой пациентты. Офтальмологты лæггæдтæй гæнæн ис спайда кæна нæ Республикæйы алы цæрæг дæр. «Кисловодскаг дохтыртæ горæт Цхинвалы фæуыдзысты цалынмæ сæм цæрджытæ цæуой, уæдмæ. Æнæмæнгхъæуæг куы уа, уæд рынчынты та æрвитдзысты Кисловодскмæ операци кæнынмæ æмæ стационарон æгъдауæй хос кæнынмæ», — агентад «РЕС»-ы уацхæссæгæн фехъусын кодтой РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады. 

ЗÆРДÆ СÆ РУХС КÆНЫ

Фæстаг рæстæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны разамынд æмæ горæт Цхинвалы администраци уæлдай стырдæр хъусдард здахынц горæты хæрзарæзтадмæ. Цалцæг цæуынц уынгтæ. Капиталон цалцæг цæуы 6-æм астæуккаг скъолайы бæстыхай.Хæрз æрæджы та ивд æрцыдысты Мамсырайы фырты уынджы 10-æм бирæуæладзыгон коммуналон хæдзары бахизæнты дуæрттæ. Банысангонд хæдзар эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд 1970 азы фæудты æмæ скæлæддзаг сты йæ бахизæны дуæрттæ. Сæ саразын æмæ бакæныныл бакуыстой Джиоты Нодары сæргълæудæй горæты администрацийы цалцæггæнæн-эксплуатацион фадыджы кусджытæ.Банысангонд фадыгæн ис хъæдкуыстгæнæн цех. Кусы дзы, йæ дæсныйад иттæг хорз чи зоны æмæ йæ куыстмæ фау æрхæссæн кæмæн нæй, ахæм кусджытæ-Болататы Гурген, Туаты Иван æмæ Джиоты Тузар. Æмæ ацы кусджытæ канд Мамсырайы фырты уынджы 10-æм хæдзары бахизæнты дуæрттæ не ркодтой фæткмæ, фæлæ ма Джиоты Нодар куыд загъта, афтæмæй раивтой Нæузæххонты уынджы 11-æм бирæуæладзыгон цæрæн хæдзары бахизæнты дуæрттæ æмæ рудзгуыты фæлгæттæ дæр. Уæлдай  аив  æмæ капиталон цалцæг та скодтой горæт Цхинвалы скъолайы агъоммæ кар сывæллæтты 2-аг цæхæрадон. Æрмæст ын йе ддаг хуызмæ куы бакæсай, уæддæр дзы зæрдæ рухс кæны. 

НЕ 'ВЗАГ — НÆ ХÆЗНА

Фæстаг рæстæджы æндæр æмæ æндæр æмвæзадтыл арæхæй-арæхдæр дзурæм ирон æв-заджы уавæрыл. Ирон дзырд, ирон ныхасы авналæнтæ хуыздæрхъуаг кæй сты, уый дызæрдыггаг никæмæн у. Ирон адæм се ргом æгæр аздæхтой уырыссаг æвзаджы рдæм. Раст у, нæ хъысмæт уырыссаг адæмимæ куы сбастам, уæдæй фæстæмæ ма-хæн æнæ уырыссаг æвзаг цæрæн нæй, фæлæ не взаг уырыссаг æвзаджы сæрыл нывондæн æр-хæссæм, уый нын раст нæ уыдзæн, ничи дæр нæ домгæ кæны уый. Нæ йæ домынц, нæдæр цард, уавæр, нæдæр уырыссаг адæм. Мæнæ нын кæддæр гуырдзиаг адæм куыд къуындæг кодтой йæ атæлфæнтæ, нæхи æвзагыл нæ скъолаты ахуыр кæнын нæ, фæлæ нæ хæдзæртты сдзурын дæр куыд нал уагътой, ныр афтæ нал у. Дзур де взагыл, ахуыр æй кæн, нæй дæ хъыг-дарæг, фæлæ йыл нæхæдæг æгæр суæлæхох стæм æмæ нын уый хорз адæмы миниуæг нæу. Ирон æмæ уырыссаг æвзаг æмхуызон расидтыстæм паддзаха-дон æвзæгтæй. Уый афтæ нысан кæны, æмæ дыууæ дæр сты æмсæр, æмбар, фæлæ сæм кæсгæ ахæм цæстæй нæ кæнæм. Æнæмæнг нæ нæхи æвзагыл дзурын кæм фæхъæуы, уым дæр та, уый нæ ничи домы, афтæмæй нæ сæртæ æркъул кæнæм уырыссаг æвзаджы раз æмæ, нæ ныхæстæ кæмæн кæнæм, уыцы адæм нæ æмбарынц, нæ ныхæстæ сæм хæццæ кæнынц, æви нæ, уый мæт дæр нал æркæнæм. Афтæ куы нæ уаид, уæд-иу теделеттаг зæхкусджытимæ сæ проблемæты тыххæй нæ дзуриккам, бынтондæр кæй нæ зонынц, кæй не ‘мбарынц, уыцы уырыссаг æвзагыл.Не взагмæ цæмæй нæ хъус лæмбынæгдæр æрдарæм, цæмæй йыл фылдæр аудæм, уый тыххæй стырдæр бæрндзинад ис дзыллон информацийы фæрæзтыл, фыццаджы дæр та телеуынынадыл. Нæ паддзахадон телеуынынад цалдæр азы размæ равдыста хорз хъæппæрис: “Не взаг — нæ хæзна», зæгъгæ, ахæм номимæ дæттын райдыдта цыбыр беседæтæ ирон æвзаджы тыххæй. Ацы беседæтæм адæм хъуыстой зæрдиагæй, стыр цы-мыдисимæ. Хъуыстам сæм дыу-уæ къуыри иу хатт. Фылдæр хæттыты куы уыдаид, уæддæр сыл адæм сæхи нæ атигъ кодтаиккой, æниу уымæй дæр райгонд уыдысты. Фæлæ уый, æвæццæгæн, нæ телеуынынад адæмæн æгæр стыр хæрзиуæгыл банымадта æмæ сæ фæкъаддæр кодта.Ныр арæх адæм кæрæдзи афæрсынц, цæмæн афтæ сæс-тæм сты ацы дзæбæх, ахсджиаг ралæвæрдтæ? Фæрсынц ралæ-вæрдты автор профессор Гæбæраты Никъалайы дæр, фæлæ нæдæр кæрæдзийæн у дзуапп раттын сæ бон, нæдæр сын Гæбæрайы фырты бон у исты хъуыддагон дзуапп раттын.Гæбæраты Никъала архайы ирон дзырдты бынтон хуымæтæджы хуызы адæмы рæгъмæ рахæссыныл, адæм сæ куыд æмбарой, дызæрдыг дзы куыд ницæуыл кæной. Цыбыр дзыр-дæй, йæхи тыхтæй ирон дзырды ад бамбарын йæ бон кæмæн нæу, уыдон æй куыд бамбарой, куыд сæм бахъара, ахæм хуызы сæ радæттыныл архайы автор æмæ йæ къухы æфтгæ дæр кæны. Раст уыцы хуымæтæгдзинадæй цæуынц адæмы зæрдæмæ. Автор тырны, цæмæй беседæйы æрмæг баст уа ирон адæмы æгъдæуттимæ. Беседæты фæрцы раргом кæны ирон æгъдæуттæн цы стыр нысаниуæг ис адæмы царды, се рвылбонон хъуыд-дæгты, уый. Афтæ æмæ Гæбæрайы фырт йæхимæ райста тынг ахсджиаг, ныртæккæ нæ адæмы иууыл тынгдæр чи хъæуы, ахæм хъуыддаг. Райста йæ æмæ йæ аразгæ дæр кæны цæсгом-джынæй, æнæзæрдæхудтæй æмæ йын уый тыххæй йæ разы бæндæнтæ тауын нæ хъæуы, фæлæ йын зæгъын хъæуы бузныг, ахæм арфæйаг хъуыддаг кæй кæны, уый тыххæй.Гæбæрайы фырт ирон æвза-джы вазыгджын фæзилæнтæ, сусæг, æмбæхст æууæлтæ райхалынмæ хорз кæй арæхсы, уый фæрцы адæм зонгæ кæнынц æвзагæн канд йæ бирæ цымы-дисон фарстытимæ нæ, фæлæ ма сæ авторы цымыдисон æмæ мидисджын ныхас раст фæндаг, раст хъуыдыйыл дæр æфтауы.Фæлæ уæддæр, иу адæймаг цасфæнды хъаруджын ма уа, цасфæнды йын ма æнтыса, уæддæр æппæт проблемæты аскъуыддзаг кæнын йæ бон нæ бауыдзæн. Уый тыххæй та информацийы дзыллон фæрæз-тæ хъуамæ тырной æвзаджы фарстытæм фылдæр адæмы хъусдард аздахынмæ. Газетты фылдæр мыхуыр кæнын хъæуы, не взаджы стыр ахадындзинадæн æвдисæн чи уа, ахæм æрмæджытæ. Бирæтæ афтæ хъуыды кæнынц, зæгъгæ, ирон æвзаг афтæ мæгуыр у æмæ йыл адæймагæн йæ хъуыдытæ æххæстæй зæгъын нæу йæ бон, нæ йын фаг кæны дзырдтæ. Гъе, æмæ ахæм хъуыдыгæнджытæн сæ мæгуыр хъуыды чи аивын кæна, мыхуыр хъæуы ахæм æрмæджытæ. Телеуынынад уырыссаг æвзагыл куыд дæтты алыгъуызон цымыдисон ралæвæрдтæ, афтæ аразын хъæуы ирон æвзагыл дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы,  уырыссаг æвзагыл цахæмфæнды ралæвæрды тыххæй дæр цæттæ æрмæг ссарæн ис æмæ дзы кусын, фыдæбон кæнын ницæмæн хъæуы. Ирон æвзагыл ахæм ралæвæрды æрмæг кæцæйдæр цæттæйæ нæ райсдзынæ: бакусын, бацагурын хъæуы, æмæ йæм уый тыххæй зивæг кæнынц, телеэкранæй исты хорз хъæппæрисимæ ракæсын кæй фæнды, уыдон. Ахæм адæймæгтæн, кæй зæгъын æй хъæуы, æнæфыдæбон фæллой фылдæр æхсызгондзинад хæссы. Уыдон уырыссаг æвзаджы æнцонвадат атæлфæнтæй пайда кæнгæйæ сæ зæрдыл никуы æрлæууын кæнынц уырыссаг адæмæн сæхи æмбисонд, æнæ фыдæбонæй донауæзтæй дæр кæсаг нæ сисдзынæ, зæгъгæ.Уæдæ мах дæр нæ фырзивæгæй нæ хæзнайы доны бынмæ аласын ма бауадзæм, науæд нын уый фæстæ йæ сисын фæзындæр уыдзæнис æмæ ма уæд фæсмон кæндзыстæм, фæлæ уый уыдзæн, дугъон бæх дæр кæй нæ аййафдзæн, ахæм фæсмон æмæ нæ стыр хуыцау бахи-зæд ахæм фæсмонæй.                                                              

          ПЛИТЫ Муссæ, филологон зонæдты кандидат.