2004 АЗ ФЫЦЦŒГŒМ СЕНТЯБРЬ БЕСЛŒНЫ

Фыццœгœм сентябры
Ирыстоны Беслœны
Сœ райстбавœрд дарœсы
Фыццœгœм скъоламœ
Дидинты бастимœ
Сœ уарзон Нанатимœ
Мадœлтœ, хотимœ
Уадысты сабитœ…
Фыццагкъласонтœ
Фыццаг хатт хызынтимœ
Дамгъуат, тетрœдтимœ
Уадысты сабитœ
Райгœ цœсгœмттимœ
Уарзон скъоламœ
Кадджын бœрœгбонмœ
О, фœлœ Стыр Хуыцау,
Ай та цы хабар у.
Œбуалгъ дыкъахонтœ
Бирœгъты балау
Кœцœйдœр фœзындысты…
Œлгъыстаг дœлимонтœ,
Хотыхтœй 'взидгœйœ,
Райстой амынœты
Œнœаххос адœмы,
Œнœаххос сабиты,
Райстой амынœты
Ирœн йœ фидœны.
Фехœлдис бœрœгбон
Циндзинад бамынœг.
Саби, Œвзонг саби
Тасœй ныффœлурси.
Œнамонд , фыдохы цау
Дунетыл айхъуысти
Маройгœнгœйœ
Ныссабыр ис Иры зœхх,
Хœхтœ ныттарф сты
Дзыллœ ныддур ис,
Œрвдзœфау фыдбœллœхœй
Œвирхъау зындоны
Œрвыстой сœ рœстœг
Нœ сабитœ, хистœртœ.
Удхор фыдгœнджытœ,
Кодтой сœ саумитœ
Кодтой тыхмитœ.
Œнœ донœй мардтой
Сабиты,мадœлты.
Œнœ донœй тадысты
Сонтгуырд, рœзгœ удтœ.
Удхор лœгмартœ —
Сœвœрдтой бомбœтœ,
Минœтœ скъолайы.
,
Уый фœстœ райдыдтой
Марын нœ сабиты
Œхстой сын сœ фœсонтœ,
Œхстой сын сœ риутœ,
Сœ чысыл зœрдœтœ…
Туджы цад фестадис,
Туджы зœй рацыдис
Уарзон скъолайы…
Фыццагкъласонтœ
Удцин зœринхуртœ
Сœ чысыл œнгуылдзтœй
Сœ гыццыл рœу уырзтœй
Цы чиныг фœлдœхтой,
Уый тугœйдзаг астœрдыл
Скъуыдтœ, пырхытœ…
Ирыстон дзыназы,
Аллайаг фесты
Нœ сœртœ.
Ирыстон та скодта
Йœ додойаг саутœ.
Œгъатыр знœгтœ
Нœ Ирœй скодтой
Уœлмœрдтœ
Ыстырœй, чысылœй.
Уœззау хъыг œвдœрзы
Нœ зœрдœ,нœ удты
Нœ хъуыдыты бацард.
Œгœрон тœригъœд,
Нœ Ирзœхх
Фœмœцыд йœ туджы.
Ныхъхъœрзы, ныккœуы,
Нœ марой нын хъусынц
Дунетœ.
Нœ хъарœгмœ хœхтœ,
Нœ урссœр къœдзœхтœ
Сœ сœртœ нынкъусынц.
Нœ сабиты марœг
Хатыр ын нœ уыдзœн,
Йœ сау фœнд знагœн
Йœ хъуыры фœбаддзœн.
Сымах та, хъœбултœ,
Нœ зынгхуыст,хъœбултœ,
Ныббарут!
Уœ рœзгœ рœсугъд цард
Кœй фескъуыд œрдœгыл,
Уœ фервœзын кœнын
Зындонœй, œвирхъау
лœгсырдтœй…кœй не ссис…
Ныббарут!
Уœ œгайнœг удтœ
Œнафон кœй фесты œвœстаг.
Ныббарут нœ рœдыд,
ныббарут нœ лœмœгъ,
Нœ хуртœ.
Нœ уыдзыстут рохы,
Ирыстон уœ мысдзœн œнусмœ.
Ныр та уал фыдохы
Тенгиз ДОГУЗОВ