«Знаменитые люди на берегах Терека»

Æрæджы фæзынд, алкæмæ дæр диссаг чи фæкæсдзæн, ахæм наукон-бæстæзонæн чиныг «Знаменитые люди на берегах Терека». Йæ автортæ — историон наукæты доктор Хъуысаты Генри, профессор Тедтойты Зинæ æмæ Дзæуджыхъæуы библиотекæйы хай-ады сæргълæууæг Людмилæ Хмелева.

Ацы диссаджы фæллой фысгæйæ автортæ спайда кодтой паддзахадон æмæ хицæн бинонты архивтæй, газеттæй, журналтæй, чингуытæй. Кавказы, нæ республикæ æмæ йæ сæйраг горæты алæмæты рæсугъддзинады тыххæй уæлмонц хъуыдытæ чи загъта, уыцы сфæлдыстадон кусджыты нæмттæ бацамонын сæ хæсыл банымадтой.

Кæддæриддæр фæндаггонтæн, фæстæдæр та туристтæн æмæ экскурсанттæн, нæ республикæйы фæуыны тыххæй æлвасæг тых кæй уацмыстæ уыдысты, уыдон сты Александр Грибоедов, Александр Пушкин, Михаил Лермонтов, Ираклий Андроников, Ольгæ Бергггольц, Максим Горький, Владимир Маяковский, Борис Пастернак æмæ æндæртæ. Терчы былгæрæттæм абалц кæнынмæ сæ былыцъæрттæ чи хордта, иннæ ахæм къорд та уыдысты Уæрæсейы паддзахады сæргълæуджытæ. Фыццагдæр, ай-гъай, Александр II, Александр III, Николай I, Николай II; ацы бынæтты æрдзон-фæрæзон хъомыс иртасджытæ — В.И. Вавилов, А.В. Воейков, В.В. Докучаев, Д.И. Менделеев, И.В. Мушкетов, С.П. Паллас, А.И. Пастухов æмæ æндæртæ. Ахуыргæндтæй кавказаг адæмты культурæмæ уæлдай стырдæр æвæрæн бахастой А.П. Бержье, П.С. Уварова, А.М. Шегрен, Г.И. Успенский æмæ æндæртæ. Нæ хæххон бæстæмæ балц уæлдай арфдæр фæд ныууагъта ахæм театралон æмæ музыкалон аивады минæвæртты сфæлды-стады: М.Ф. Андреева, М.А. Балакирев, Ю.А. Башмет…

Ацы чиныгæй автортæ хорз лæвар ракодтой бæстæзонд-жытæн, туристтæн, студенттæн, скъолаты ахуыргæнджытæн æмæ бирæ æндæртæн. Фæлæ, хъыгагæн, йæ тираж у хæрзчысыл.


Нывы: В. Вереæагин. «Осетинская деревня зимой» (1863 аз).