ЦÆССЫГÆЙÆХСАД АМОНД

Бады Сæлимæт Терчы был, æмæ йæм афтæ кæсы, цыма йын йæ тыхст хъуыдытæ цæугæдоны уылæнтæ аскъæфынц. Уалдзæджы рог уддзæф та йæм бæлæсты сусæг уæздан сыр-сыр хæссы, цыма йын афтæ зæгъынмæ хъавы: «Бафæраз-ма иучысыл, къæвдайы фæстæ хур бон дæр скæны». Йæ фæлмæст сагъæстæй йæ феуæгъд кæны сывæллæтты хъæлæба, æмæ та сæм сонт зæрдæхсайгæ каст акæны. Йæ фаззæттæ — чызг æмæ лæппу — хъазынц чысыл фалдæр змисыл. Æмæ та сылгоймаг ногæй йæ хъуыдыты уацары бахауы. Таймуразы ныхæстæ йæ хъустыл ауайынц: «Æппындæр куы ничиу-ал æнхъæлмæ кæса, уæддæр мæм ды æнхъæлмæ кæс. Стæй ма йæм эшелоны дуарæй рахъæр кодта: «Мæ зæронд мад æмæ фыд — де уазæг», — æмæ адæмы уылæнты аныгъуылд.

Судзгæ цæссыг та тындзгæ згъоры рустыл. Хæст фæци, æгас чи баззад, уыдон здæхынц сæ хæдзæрттæм, вагзал байд-заг цин æмæ масты цæссыгæй. Æмæ кæд Сæлимæт цалдæр азы йæ риуы сау гæххæтт дардта æмбæхстæй, уæддæр-иу рацыд поезды размæ. Уыцы гæххæтт ын сыгъта йæ риу, фæлæ йæ уæддæр Тай-муразы ныййарджытæн нæ хъæр кодта.

Раст мæй æмæ æрдæг куы рацыд сæ чындзæхсæвыл, уæд Тай-мураз барвæндонæй ацыд Фыдыбæстæйы хæстмæ. Дыууæ азы фæстæ Сæлимæт райста сау гæххæтт: «Старший лейтенант Ахсаров Таймураз Бибоевич погиб смертью храбрых…».

Таймуразы мад æмæ фыд гуырысхо кæнын байдыдтой сæ чындзыл, кæй æрæнкъард, уый тыххæй. Ноджы дисы та уæд ба-цыдысты, Сæлимæт иуизæр куыстæй дыууæ фаззон сывæллонимæ куы æрбаздæхт.
Цæвиттон, Сæлимæт дохтырæй цы арæндоны куыста, уым иу ирон идæдз ус аргæ-арыны амард; дохтыртæн ма тыххæй-фыдæй сæ къухы бафтыд сывæллæтты фервæзын кæнын. Сæлимæтæн уæд уыцы сывæллæттыл сагъæс йæ риу басыгъта: «Цы фæуыдзысты ацы змæст бонты æнæ мад, æнæ фыдæй, агурæг сæ куы нæ ис, уæд?!». Æмæ æппынфæстаг скарста: «Æз хъуамæ схъомыл кæнон ацы дыууæ фаззоны Таймуразы номыл». Æхсаратыл сæ ныффыста, райста сын сæ райгуырды тыххæй æвдисæндартæ. Нæмттæ сын уый размæ дыууæ зæронды æрхъуыды кодтой — Ацæмæз æмæ Агуындæ.

Иубон хицау æмæ æфсин Сæлимæты баййæфтой хæкъуырццæй кæугæ, æмæ ма сын цы бамбарын хъуыд, сæ хæдзар кæй бабын ис, уый, — сæ иунæг хъæбул фæмард карз хæсты. Хиуæттæ, къабæзтæ фæхъыг кодтой æмæ афтид ингæныл цырт ныссагътой.

Æвæццæгæн, мад æмæ фыд нæ бабыхстаиккой сæ хъæбулы сæфт, дыууæ сывæллоны сæ куы нæ аирвæзын кодтаиккой, уæд. Уымæй сæм цæмæндæр афтæ каст, цыма Таймураз æмæ Сæлимæты æнгæс сты, æмæ сæ сæ былтыл радав-бадав кодтой.

…Бады Сæлимæт Къостайы парчы, йæ уæззау хъуыдытæ цæстытæй цæссыг лæмарынц. Арф ныуулæфыд æмæ æнæбары хъæрæй сдзырдта: «Таймураз, Таймураз, мæ бонтæ мын ныууагътай æнæ хурæй». Арвмæ скасти æмæ ауыдта, уым мигътæ кæй фæзынд æмæ уарынæввонг кæй аци. «Сывæллæттæ ныххуылыдз уыдзысты», — ахъуыды кодта æмæ сæм адзурон куыд загъта, афтæ йæ хъустыл ауад нæлгоймаджы бæзджын хъæлæс: «Бирæ ма дæм æнхъæлмæ кæсдзынæн, кæдмæ ма бадыс, тагъд уарын куы райдайдзæн, уæд?». Тарст сæгуытау сонт каст фæкодта Сæлимæт дзурæгмæ æмæ цавддурау фæци. «О Хуыцау, кæд фынæй дæн, уæд мæ мауал райхъал кæн». Фæлæ та йæм хъæдабæ хъæлæс ногæй дзуры: «Æппындæр куы ничиуал æнхъæлмæ кæса, уæддæр мæм-иу ды æнхъæлмæ кæс» дын уый тыххæй загътон, цæмæй мæм Къостайы парчы æнхъæлмæ кæсай», — æмæ ныххудт. Уыцы минут арв дæр ныннæрыд, цыма хæрзæггурæггаг фæци, уыйау. Дыууæ уарзон адæймаджы кæрæдзиуыл ныттыхстысты. Уарынæй лидзæг адæм сæм дисгæнгæ кастысты. Сывæллæттæ дæр сæ мады куы ауыдтой хъæбыстæгæнгæ, уæд базгъордтой æмæ йыл ныттыхстысты, ай нæ мамæ у, зæгъгæ. Таймураз сæ йæ хъæбысмæ фелвæста. Уыдон сæ мадмæ дзурынц, нæ папæ балцæй ссыди, зæгъгæ. Таймураз сæм дзуры: «Уæ папæ дæн, уæ папæ». Сабитæ атыхстысты Таймуразы хъуырыл, стæй уæд аныгъуылдысты йæ хъæбысы. Адæмæй иутæ сæ цæссыг сæрфтой, иннæтæ сæм æнкъардæй кастысты.

Таймураз йæ бинонтимæ сбадти, парчы æдде сæм цы машинæ æнхъæлмæ каст, уым.
Цалдæр боны Æхсараты кæрт адæмæй не сцух ис. Æппынфæстаг Таймураз йе мбæлттимæ ацыд уæлмæрдтæм, стыдта йæ афтид ингæны цырт, æмæ йæ басыгътой.

Сау гæххæтты хабар та афтæ уыд. 1942 азы Таймураз уæззау цæф фæци æмæ бахауд госпитæлмæ. Иудзæвгар уым фæци; куы йæ рафыстой, уæд йæхи полкъмæ нал бахауд, фæстагмæ та йæ арвыстой Чехословакимæ. Уым базонгæ мæ мадыфсымæр Сло-наты Бæдыраимæ, æмæ йæ уый бакодта йæхимæ ординарецæй. Иу-цыбырныхасæй, хæст сын байста 6-7 азы сæ рæсугъд бонтæй…

Уалынмæ Таймуразы бинонтæ фæфылдæр сты — афæдзмæ ма сын лæппу райгуырд, æмæ ма уыдонæй амондджындæр чи уыд! Ахæм амонд хæсты рæстæг стæм уыд, хæсты фæстæ дæр бирæтæм не рхауд.
Зæронд мад æмæ фыдыл дæр цард бацайдагъ сæ хъæбулты цинæй. Таймураз стыр бузныг уыд йæ къайæ: йæ ныййарджытæ уый руаджы аирвæзтысты — иуæй семæ цæргæ баззад 6 азы, иннæмæй сæ рысты рæстæг æрбахаста дыууæ фаззоны, кæцытæ тынг æнувыд уыдысты сæ зæронд нана æмæ дадайыл. Куыннæ цин кодтаид Таймураз йæ ныййарджыты дæргъвæтин цардыл! Ай-гъай, æнæ хистæрæй хæдзар нæ фидауы, уыдон царды компæстæ сты цотæн…

Хæстæн фесæфæд йæ кой дæр! Хъæлдзæг бонтæ ныл фылдæр цæуæд!

P.S. Рагæй мæ фæндыд ацы хабар ныффыссын. Йæ амондджын кæрон мын ме нкъарæнтæ бацахста. Дзургæ мын æй 1969 азы Бæдыра ракодта, мæ мады кæстæр æфсымæр.
ГАСИТЫ Кларæ