Газет Хурзарин

  

ФЕМБÆЛД РХИ-ЙЫ ХИЦАУАДЫ

 28 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Юри Морозов фембæлд Алайнаг епископ фыд Георгиимæ æмæ дины хъуыддæгты фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æххæстбарджын Хуыбиаты Соняимæ. Фембæлды уынаффæ цыд республикæйы аргъуанты хæдзарадон рæзты æмæ кувæндæттæ аразыны фарстытыл. Зындгонд куыд у, афтæмæй Алайнаг епархи никуы уыд нæдæр уырыссаг æмæ нæдæр грекаг аргъуанты сконды. Уый уыд,  йæ архайд 15-æм æнусы фæудты  16-æм æнусы райдианы чи æрурæдта, Византийы уыцы епархийы сконды.Алайнаг епископ фыд Георги банысан кодта, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны алыварс чи сæвзæрд, уыцы духовон æмæ политикон уавæртæ Хуыцауы фæндонмæ гæсгæ æркодтой Алайнаг митрополи саразынмæ, ныры этапы Алайнаг епархийы фæлгæтты.«Бирæ рæстæджы дæргъы, — загъта фыд Георги, — ничи скъуыддзаг кодта аргъуаны архайды хæдзарадон фарстытæ, уымæ гæсгæ ныртæккæ уыцы фарстытæ систы сæйраг проблемæ. Уыдон домынц аргъуанмæ лæмбынæг хъусдард аздахын æмæ паддзахады 'рдыгæй æххуыс бакæнын».Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Юри Морозов загъта, зæгъгæ, республикæйы разамынд æппæт амæлттæй дæр æххуыс кæндзæн аргъуанæн ахсджиаг проблемæтæ скъуыддзаг кæныны.Уымæй дарддæр ма фембæлды скъуыддзаг цыд Дзауы поселочы аргъуан саразыны фарст. Ныр-тæккæ кувæндон арæзт цæуы Къуайсайы поселочы. Знауыры поселочы дæр арæзт æрцæудзæн. Юри Морозов æмæ фыд Георги ма æруынаффæ кодтой æндæр аргъуантимæ Алайнаг епархийы духовон æмæ экономикон æмархайды фарстытыл дæр. ЮРИ МОРОЗОВ БАЦЫД ЗАВОД «ЭЛЕКТРОВИБРОМАШИНÆ»-МÆРеспубликæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар бацыд завод «Электровибромашинæ»-мæ. Заводы директор Бестауты Тамаз æмæ сæудæджерады департаменты разамонæг Къæбулты Эдуардимæ Юри Морозов азылд цехты, базонгæ кондадон процессимæ, цымыдис кодта, продукци куыд реализаци цæуы, уымæ, заводы управелинйы аппараты кус-джытæ æмæ иннæ кусджыты куыстмыздмæ æмæ куысты уавæртæм.Стыр хъусдард здæхт цыд кондадон цехты цалцæг кæныны фарстытæм. Бæрæг кæныны рæстæджы райстæуыд уынаффæ Республикæ Хуссар Ирыстоны экономикæйы министрады сæудæджерады хайадæн рахицæнгонд хатæнтæ сцалцæг кæныны тыххæй.Заводы фæстæ Юри Морозов бацыд уазæгдон «Алан»-мæ, цыран цалцæггæнæн куыстытæ цæуы цыппæрæм уæладзыджы æмæ йæ алыварс территорийы. Уазæгдоны иу хай сцалцæг кæнын нысан уыд 2006 азæн Республикæйы социалон-экономикон рæзты планы.Зындгонд куыд у, афтæмæй референдум æмæ республикæйы президенты æвзæрстытæ уадзыны рæстæджы уазæгдоны «Алан»-ы уыдзысты дунеон хъусдарджытæ, уымæ гæсгæ стыр хъусдард здæхт цæуы хæрзвадат цардуагон уавæртæ сын саразын, хæлц æмæ комфорт сифтонг кæныны фарстатæм. Цалцæггæнæн куыстытæ хъуамæ фæуой сфи-даргонд æмгъуыдмæ. 

ЦЕНТРАЛОН ÆВЗАРÆН КЪАМИСЫСИДТ

 Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамис хаты, Аунеу, Нул, Тамарашен, Ачабет, Курта, Хеит, Чъех, Чемерт, Дзарцъем, Свер, Еред, Аргвиц, Берула, Уанат, Бе-лот, Сацхенет, Ксуис, Дисеу, Ленингор, Ах-мадз, Мосабруне, Икъот, Долиаткъар, Ахалсо-пели, Ахалдаба, Бежантыхъæу, Вашловани, Га-рубан, Дæллаг Бол, Ереда, Хъанчавет, Базулан, Морбедан, Нагомеу, Сарбиел, Дзеглеу, Цъиркол, Ларгвис, Курта, Нахиди, Газаврет, Къоринта, Дæллаг Алеу, Херкелаани, Кочиани, Гудацвери, Садзегури, Цхавати, Гаруети, Мшвелети, Харбали, Дадианет, Мартиан, Тохта, Квелдоба, Махнерет, Зодех, Читиан, Муджухи æмæ Укъанубаны хъæуты чи цæры, Хуссар Ирыстоны уыцы цæрджытæм.Раздæр куыд хъусын чындæуыд, афтæмæй 2006 азы 12 ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны уагъд цæудзысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æвзæрстытæ æмæ референдум. Сымахæн хъæлæс æппарынæн æвзарæн фадгуытæ арæзт æрцыд «Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æвзæрстыты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъоны 9-æм статья æмæ «Республикæ Хуссар Ирыстоны референдумы тыххæй» Конституцион закъоны 13-æм статьямæ гæсгæ.Сидæм сымахмæ, цæмæй хайад райсат æвзарæн компанийы.Æппæт фарстыты фæдыл дæр хатут Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамисмæ ахæм адресыл:Горæт Цхинвал, Хицауады хæдзар, фыццаг уæладзыг.Телефонтæ: 5-16-12, 5-16-14. Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамис  

ЕВРОЦÆДИСЫ ДЕЛЕГАЦИ — ХУССАР ИРЫСТОНЫ

 Æрæджы Республикæ Хуссар Ирыстонмæ кусæгон балцы æрцыдис делегаци Евроцæдисы специалон минæвар Хуссар Кавказы Питер Семнебийы сæргълæудæй. Делегацийы сконды ма уыдысты Евроцæджы фыццаг уынаф-фæгæнæг Роберт Лидел, специалон минæвары политикон фарстаты фæдыл уынаф-фæгæнджытæ Диана Янсе æмæ Изольт Фиджеральд.Делегацийы уæнгтæн фем-бæлд уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæ-рдары фыццаг хæдивæг, Æмхæццæ контролон къамисы Хуссар хайы æмсæрдар Цоциты Барис æмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Муратимæ.Хуссар Ирыстоны фарсæр-дыгæй ма фембæлды хайад райста Æмхæццæ контролон къамисы Хуссар Ирыстоны хайы аппараты къухдариуæг-гæнæг Тыбылты Леонид.Æмхæццæ контролон къамисы Хуссар хайы разамо-нæг, Республикæ Хуссар Иры-стоны Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Цоциты Ба-рис арфæ ракодта делегацийы уæнгтæн Хуссар Ирыстон-мæ сæ кусæгон балцы фæ-дыл. Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Кокойты Эдуарды номæй дæр ар-фæ ракодта уазджытæн, кæй цымыдис кæнынц гуырдзиаг-ирон ахастыты пробле-мæ-тæм.Хуссар Ирыстоны алыварс цы ситуаци сæвзæрдис, — дзырдта дарддæр Цоциты Барис, — уый размæцыды нысан нæу, фæлæ ма ноджы иу къахдзæф фæстæмæ — цалдæр хатты ÆКК-йы рабадтытæ хæлд кæй цæуынц æмæ гуырдзиаг фарс йæ форматыл кæй нал разы кæнынц. Мах сидæм гуырдзиаг фарс-мæ, цæмæй æрбадæм æмæ бадзурæм æмæ ситуацийæн анализ саразмæ. Нæ президент дæр ныр дыууæ азы дæргъы уый домы, цæмæй къухтæ бафыст æрцæуой ме-морандумыл. РХИ-йы Президент Кокойты Эдуард йæ сабырадон инициативæты æртыккаг пунктæй банысан кодта, зæгъгæ, мах цæттæ стæм сабырадон æгъ-дауæй æрбæстон кæныны иумиаг программæйыл бакусынмæ».Æмхæццæ контролон къамисы формат æнæразыдзинад кæй æв-зæрын кæны Гуырдзыстонæй ÆКК-йы ног æмсæрдармæ, уый махæн нæ бон нæу аскъуыддзаг кæнын, уый у уæлдæр политикон къухдариуæггæнджыты хъуыддаг. Хуссар Ирыстоны фарс цалдæр хатты бахатыд, ома, бакусæм цахæмдæр программæйы проектыл, уæддæр гуырдзиаг фарс иуварс кæны ацы фæндон.Гуырдзыстоны хайы ÆКК-йы æмсæрдар ма нæ æрцыд РХИ-йы президентимæ фембæлдмæ. Фембæлд та уыдис уавæр дарддæр æрбæстон кæныны хъуыддаджы фæндæгтæ агурыны фæдыл, æмæ Президент бахæс кодта Хуссар Ирыстоны фарсæн бакусой компромиссон фарстатыл, кæцытæ фæахъаз уыдзысты бадзырдон процессы размæцыдæн.Йæ рады господин Семнеби бузныг загъта Цоциты Барисæн ситуациимæ йæ кæй базонгæ кодта. Уый фæстæ фембæлд ацыд æхгæд дуæртты мидæг.Фембæлды фæстæ Питер Семнемби æмæ Цоциты Барис радтой чысыл пресс-конференци информацион фæрæзты минæвæрттæн.— Господин Семнеби, уæ визиты нысан цы у?— Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгадимæ актуалон фарстытæ аскъуыддзаг кæнын. Мæ хъуыдымæ гæсгæ саразын æмæ фæ-тыхджын хъæуы фæрсты æууæнкдзинад. Афтæ ма бадзырдон процессæн дæр саразын хъæуы æмбæлон уавæртæ Æхæццæ контролон къамисы фæлгæтты æмæ уый æдтейæ фæлгæтты дæр.Скъуыддзаг ма цыдис иуæй-иу конкретон факттæ дæр. Æрæджыйы инцидент  вертолет æхст кæй цыд, уый. Мах тыхстдзинады æппары ацы цау, уымæн æмæ гæнæн ис æмæ йын уыдаид серьезон фæстиуджытæ. Нырæй фæстæмæ дыууæ фарс дæр хъуамæ æвдисой æмбарындзинад æмæ уавæр фæвазыгджын кæныны дæнцæгтæ фæлхатт мауал æрцæуой.— Гуырдзыстонæй ÆКК-йы æмсæрдар фехъусын кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны фидауынгæнæг операцийы формат хъæуы баивын. Цахæм ахаст уын ис ацы хъусынгæнинагмæ?— Ацы фарст легитимон фарст у. Ситуацийыл дзырд куы цæуа, уæд ныртæккæ æндæргъуызон у, 15 азы размæ абаргæйæ. Фидауынгæнæг тыхтæ рæстæгмæ фæархайынц кæцыфæнды территорийыл дæр. Æмæ цæмæй фидауынгæнæг тыхты формат ивд æрцæуа, уый тыххæй, фыццаджыдæр, хъæуы сæндидзын кæнын фæрст æууæнкдзинад.— Хуссар Ирыстонмæ æрцæуæг фæсарæйнаг уазджытæ æвдисынц æнæразыдзинад конфликты зонæйы уæлдæфон тыгъдад, цы æфсæддон вертолет фехæлдта, уый кæй фехстæуыд, уый фæдыл. Æмæ Гуырдзыстоны æфсæддон вертолет уыцы бынаты сывæллæтты рæвдауæндон цæхæрадон куы фехста, уыцы факты кой, цæмæдæр гæсгæ, ничи кæны.— Махæн уыд гуырдзиаг фарсимæ серьезон бадзырдтытæ, сæйраджыдæр, конфликты зонæйы ситуацийы фæдыл дæр. Бакусын хъæуы æууæнкдзинад сфидар кæныныл дæр.Фембæлды фæстиуджыты тыххæй йæ комментаритæ загъта Æмхæццæ контролон къамисы æмсæрдар Хуссар Ирыстонæй, РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Цоциты Барис: — Господин Семнеби у Евроцæдисы æдзухон минæвар Хуссар Кавказы, Гуырдзыстоны æмæ æнæхъæн Кавказы. Уый цымыдис кæны Хуссар Ирыстоны позици дарддæры бадзырдон процессы. Сæйраджыдæр, уый бацымыдис кодта цы аразын хъæуы дарддæр, цæмæй бадзырдон процесс уа ноджы фæстиуæгджындæр. Мах ын бамбарын кодтам, дарддæры къахдзæфтыл дзурынæй раздæр хъæуы, цæмæй гуырдзиаг фарс дæтта гаранти кæй нæ хъавынц бабырсынмæ æмæ хотыхтæй кæй не спайда кæндзысты. Ныртæккæ мах Гуырдзыстоны официалон къухдариуæггæнджытæй цы хъусинæгтæ хъусæм уый фæстæ ма дарддæры къахдзæфтыл цы хъуамæ дзырд цæуа.Господин Семнеби рахæцыд нæ хъуыдыты фарс æмæ баныфс æвæрдта æппæт дæр кæй сараздзæн, цæмæй бандава Гуырдзыстоны фарсыл, ÆКК-йы фембæлд горæт Дзæуджыхъæуы цæмæй ацæуа боны фæткмæ гæсгæ. Уыцы нымæцы гуырдзиаг-ирон хъаугъа сабырадон æгъдауæй æбæстон кæныны иумиаг программæйыл бакусын дæр. Бамбарын ма кодтам господинæн, зæгъгæ, дыгай стандартты политикæ, кæцыйæ пайда кæнынц дунеон организацитæ, уыцы нымæцы Евроцæдис дæр, уый чысыл фыдракæнддзинад кæй нæу. Кæд æмæ Черногорийы референдумы фæстиуджытæ нымад æрцы-дысты Косовойы хæдбардзинад гæнæн ис æмæ æрцæуа нымад, уæд Хуссар Ирыстон цы гæнæг у? 

ФÆЛВАРЫНЦ ХУССАР ИРЫСТОНЫ

 ТЕРРИТОРИЙЫЛ

КОНТРОЛЬ КÆНЫНЫЛ

 Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты дзыллæтимæ бастдзинады хайады информацимæ гæсгæ æввахс рæстæджы æнхъæлмæ кастæуы, хъаугъайы зонæйы Гуырдзыстоны спецслужбæты архайд зынгæбæрцæй фæативондæр кæнынмæ. Гуырдзыстоны хицауадон къорд-тæй цы зонæнтæ цæуы, уыдон æвдисынц, республикæйы территорийыл контроль кæныны планы радон этапмæ Гуырдзыстоны разамынд кæй хизы, уый. Гуырдзыстоны специалон службæтæ, тыхон ведомствоты разамонджытæ сæ разы æрæвæрдтой Республикæ Хуссар Ирыстон референдум æмæ президенты æвзæрстыты хæдразмæ уавæр максималон æгъдауæй дестабилизаци кæныны хæс. Æнхъæлмæ кастæуы, гуырдзиæгтæ æмæ ирæтты 'хсæн гарзджын тохтæ сцырын кæныны хæс кæмæн ис, хъаугъайы зонæйы спецназы уыцы къордтæ фæфылдæр кæнын æмæ фæактивондæр кæнынмæ. Сæрмагонд нысаниуæджы къордты нымæц ноябры æм-бистæм фæфылдæр кæнынмæ хъавынц 25 къорды онг. Спецназы банысангонд къордты равæрынмæ хъавынц Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийы гуырдзиаг хъæуты: Тамарашен, Чъех æмæ Аунеуы. Уымæй дарддæр ма рейдон архайдтытæ цæудзæн Гуырдзыстоны территорийæ. Сæрмагонд хъусдард здæхт цæуы Ленингор æмæ Дзауы районтæм.Гуырдзыстоны специалон службæты раз æвæрд æрцыд хъаугъайы зонæйы архайæг криминалон структурæты архайд фæактивондæр кæныны хæс цæрджыты фæтæрсын кæнын æмæ нациты 'хсæн ахастытæ фæ-карздæр кæныны нысанæн. Æрмæст банысангонд нысæнттæ, рахицæнгонд æрцыд 100 мин долларæй фылдæр.Æвæрд ма æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджытыл информацион-психо-логион æндæвдад фæактивондæр кæныны хæс, уыцы нымæцы пропагандистон канал «Алания»-йы телевизион алæвæрдтытæ дæдтын æмæ «æцæг патриотты» æмæ «дæ-ластæрды архайæг оппозицийы» номæй листовкæтæ парахат кæныны фæрцы. Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы разамынды æмæ ма афтæ фидауынгæнæг тыхты командакæнынады дæр дискредитаци кæныны тыххæй телевизион алæвæрдтытæ цæт-тæ кæнынæн рахицæнгонд æрцыд уæлæм-хас финансон фæрæзтæ. Уый æмрæстæджы ма æххæст цæудзæн уырыссаг фидауын-гæнæг контингенты архайд дискредитаци кæ-ныны мадзæлтты комплекс. Гуырдзиаг спецслужбæты сæйраг хæс у Уырыссаг фидауын-гæнджыты максималон æгъдауæй дискредитаци кæнын æмæ информацион æфсæнттæ аразын, дунеон æмвæзадыл хъаугъайы зо-нæйы уавæрыл контроль кæнын йæ бон кæй нæу æмæ йæ кæй нæ фæнды, уым Уæрæсейы разамынды фæазымджын кæныны ныса-нæн. План ма цæуы Гуырдзыстонмæ æвзæр ахаст дарыны æмæ криминалон архайды хайад исыны уырыссаг фидауынгæнджыты фæаххосджын кæныны мадзæлттæ дæр.План чи цæуы, уыцы мадзæлттæн ис коплексон характер æмæ сæ нысан цæуы, Æм-хæццæ контролон къамисы фæлгæтты уæ-вæг бадзырдон формат дарддæр дискредитаци кæнынмæ здæхт чи сты, ахæм архайд-тытæ. Гуырдзыстоны разамынд нырæй фæс-тæмæ дæр нысанмæздæхтæй хъавы æндæр æмæ æндæр æфсæнттæй къамисы рабадтытæ халынмæ,  хъаугъа скъуыддзаг кæнын-мæ здæхт чи сты Уæрæсе æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны разамонджыты архайдтытæ раст æмæ ахадæн кæй не сты, уый дунеон æхсæнады раз фенын кæнгæйæ.Цы зонæнтæ цæуы, уыдон æвдисынц, ба-дзырдон прцессы дарддæргæнæн кæй нал ис, уый дунеон æхсæнадæн фенын кæнын æмæ сæ хъаугъа сабырæй аскъуыддзаг кæнын кæд фæнды, уæддæр сæ сæрмагонд архайд сæх-хæст кæныны сæр кæй хъæуы, уый æмбарын кæныны нысанæн Гуырдзыстоны разамынды нысанмæздæхт куыст.  

«ИУДЗИНАД»-Ы КОНФЕРЕНЦИ

 Республикæйы партитæ æмæ æхсæнадон змæлдтытæ сæхи цæттæ кæнынц рæхджы 12 ноябры Хуссар Ирыстоны политикон царды цы стыр нысаниуæгджын цаутæ æрцæудзæн, уыдоны активон хайад райсынмæ.Уыцы партитæй сæ иу — «Иудзинад»-ы горæтон партион организаци ауагъта конференци. Конференцийы боны фæткы уыд дыууæ фар-сты: фыццаг — 12 ноябры президентон æвзæрстыты æмæ референ-думы активон хайад райсын æмæ дыккаг та — рæхджы парти «Иудзи-над»-æн цы æртыккаг съезд уыдзæн, уырдæм делегаттæ сæвзарын.Боны фæткы сфидар кæныны фæстæ 12 ноябры чи цæудзæн, уыцы президентон æвзæрстыты æмæ æппæтадæмон референдумы акти-вон хайад райсынмæ æрсидтысты парти «Иудзинад»-ы уæнгтæ Къæ-бысты Шота, Джиоты Владимир,  профессор Джиоты Евгения, горæты администрацийы сæргълæууæг, РХИ-йы Парламенты депутат Цхуырбаты Вадим, парти «Иудзинад»-ы республикон политсоветы сæрдар Кокойты Зураб æмæ æндæртæ. Уый фæстæ конференцийы хайадисджытæ парти «Иудзинад»-ы радон съездмæ равзæрстой делегаттæ. 

ФÆНАДТОЙ ФИДАУЫНГÆНÆГ ТЫХТЫ СЛУЖБÆГÆНÆДЖЫ

 Фæстаг рæстæджы Гуырдзыстон æп-пæт амæлттæй дæр архайы, цæмæй конфликтон зонæйы уавæр фæкарздæр уа. Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхтыл командæгæнæджы информацион фæ-рæзты куысты фæдыл æххуысгæнæг Влади-мир Иванов нын куыд фæхъусын кодта, афтæмæй 28 сентябры изæры 8 сахатмæ æввхас конфликтон зонæйы гуырдзиаг хъæу Аунуйы цур гуырдзиаг хотыхджын къорд гамхудты мидæг бау-рæдтой Цæгат Ирыстонæй фидауын-гæнæг тыхты службæгæнæг Кудиты Гам-леты. Бæрæг куыд у, афтæмæй машинæ дæр уыд фидауынгæнæг тыхты номы-ритмæ. Кудийы фыртимæ ма машинæйы бадтысты дыууæ нæлгоймаджы æмæ сылгоймаг сабиимæ.Гуырдзиаг хотыхджын къорд фыццаг фехстой уæлдæфы, уый фæстæ æхсын райдыдтой машинæйы цæлхытæ. Уый фæстæ «æргъвуыз къаскæты» минæ-вары æмæ йе мбæлццæтты раппæрстой машинæйæ æмæ сæ фæнадтой хсæн-гæрзты хъазтæй. Уый фæстæ фыдгæн-джытæ бамбæхстысты. Кæй фæнадтой уыдон ныртæккæ сты Цхинвалы сомати-кон рынчындоны. Сылгоймаг æмæ сы-вæллоны нæ бахъыгдардтой.Владимир Иванов ма нын куыд фехъу-сын кодта, афтæмæй æхсæвы 28-29 сентябры гуырдзиаг-ирон конфликтон зонæйы хъусдарæн пункты «Тама-рашен-Кехви» банысангонд æрцыдис реактивон хæдтæхæгы ратахт.Нæ уац 

РХИ-ЙЫ ФÆСАРÆЙНАГ ХЪУЫДДÆГТЫ МИНИСТРАДЫ  ХЪУСЫНГÆНИНАГ

 2006 азы 28 сентябры 20 сахат æмæ 30 мину-тыл гуырдзиаг-ирон хъаугъайы территорийыл чи ис æмæ Гуырдзыстон кæуыл контроль кæны, уыцы гуырдзиаг хъæу Аунеуы хотыхджын бабырст уыд гуырдзиаг-ирон хъаугъайы зонæйы Сабырад бахъахъхъæныны фæдыл Æмхæццæ тыхты æфсæддон службæгæнджытæм. Хотыхджын адæймæгтæ гамхудты æмæ Гуырдзысто-ны хъахъхъæнынады министрады спецназы формæ-йы автоматтæй æхстой фидауынгæнæг номыртæй автомашинæйы,  кæцыйыл бадтысты æфсæддон службæгæнджытæ, æмæ ма афтæ бæлццæттæй иуы æмкъай æмæ йæ сывæллон. Уыцы бабырсты фæстæ бæлццæтты æхсæнга-рзы хъæдæй тынг фæнадтой æмæ бамбæх-стысты.Дызæрдыг кæнын нæ хъæуы ууыл æмæ ацы инцидент баст кæй у Гуырдзыстон æмæ Уæрæ-сейы 'хсæн ахастытæ фæкарздæр кæныныл æмæ йын ис Хуссар Ирыстоны уырыссаг фидауынгæн-джыты ныхмæ радон, раздæр бацæттæгонд загъд-къахæн архайды характер. Гуырдзиаг-ирон хъау-гъайы зонæйы уавæр барæй карздæр кæнынмæ здæхт чи сты, Гуырдзыстоны ахæм архайдтытæ сты Гуырдзыстоны разамынды антиуæрæсейаг æмæ антиирон политикæйы ноджыдæр иу цæг.Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад ногæй бадзырдон процес-сы хайадисджыты æмæ æхсæны лæгты, гуыр-дзиаг-ирон хъаугъа сабырæй æрбæстон кæнын-мæ чи цымыдис кæны, æппæт уыцы бæстæты хъусдард здахы банысангонд инцидентмæ æмæ сæ куры максималон æгъдауæй бацархайой ууыл, цæмæй ма æруадзой уавæр карздæр кæныны хъуыддаг.Цхинвал,

2006 азы 29 сентябрь

  

РЕФЕРЕНДУМ — АДÆМЫ ФÆНДОНДЗИНАД ÆВДИСЫНЫ НОРМАЛОН МЕХАНИЗМ

 Нæ республикæ ис, дарддæры рæзтæн ног барадон нысæнт-тæ æнæмæнг куы хъæуы, ахæм сæрмагонд политикон уавæры. Æмæ уый та баст у дунеон аспектимæ. Махæн нæ бон нæу æмæ уæм сæрибар æмæ цæрæм æрмæстдæр нæхицæн. Раст у, дунеон æмæхсæнад нæ тагъд кæны мах банымайыныл. Æмæ йæ референдум дæр æркæндзæн ноджы объективондæр æмæ цырддæр уæвынмæ. Æмæ уæддæр референдум махæн бафи-дар кæндзæн нæ равзаргæ националон рæзты фæндагыл нæ фидардзинад æмæ уырнындзинад. Рæзгæ фæлтæрæн уый уыдзæн æмбæстагдзинады хорз скъола. Хистæр фæлтæр рацыд иу референдум, уый уагъд цыд æндæр политикон реа-литы. Ныры референдум, цыфæнды ма уа, уæддæр æй æнæ-фæхатгæ нæ фæуыдзæн уыцы дунеон æмæхсæнад æмæ йæ æрывналын кæндзæн уымæ, цæмæй æнгомдæр кусын райдайа ахæм паддзахадтимæ, куыд нæ республикæ. Дывæрсыг стан-дартты режим дискредитаци цæуы æмæ дунеон организациты ноджы зындæрæй балансгонд цæуы реалондзинад æмæ поли-тикон конъюнктурæйы æхсæн. Референдум у уыцы амæлттæй иу. Æндæр амæлттæ агурын нæ хъæуы.ГАГЛОЙТЫ Иринæ,Республикæ Хуссар Ирыстоны информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар 

ЦЕНТРАЛОН ÆВЗАРÆН КЪАМИС ЙÆ КУЫСТ КÆНЫ

 Фæстаг рæстæджы нæ республикæйы стыр куыст цæуы референдум æмæ президентон æвзæрстыты ауадзыны фæдыл. Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн референдум комкоммæ баст у сæ фидæнмæ фæндаджы равзæр-стимæ. Нæ республикæйы Централон æвзарæн къамис бæлвырддæрæй ныртæккæ цы куыст кæны, уыимæ нæ зонгæ кæны Централон æвзарæн къамисы сæрдар Плиты Беллæ:— Нæ республикæйы президентон æвзæр-стытæ æмæ референдум уагъд цæуынц иу бон — ацы азы 12 ноябры. Централон æвзарæн къамис кусы президенты æвзæрстытæ æмæ иумиаг республикон референдум ауадзыны фарстытыл. Арæзт æрцыдысты территориалон къамистæ. Æвзæрст æрцыдысты къамисты сæрдæрттæ, сæрдæртты хæдивджытæ, секретартæ. Горæт æмæ районты арæзт æрцыды-сты æвзарæн фадгуытæ. Референдум уагъд цæуы, 25 августы нæм чи бахатыд, æвзар-джыты уыцы хъæппæрисон къорды фæндон-мæ гæсгæ. Уый нæм бахатыд, цæмæй йæ срегистраци кæнæм æмæ уагъд æрцæуа иуми аг республикон референдум ахæм фарстимæ: «Разы стут æви нæ, нæ республикæйы хæд-бардзинады ныры статусыл æмæ нæ дунеон æмæхсæнад банымайа». Референдум уагъд цæуы нæ президенты указмæ гæсгæ. Фæлæ уæдмæ та уым ис æнæхъæн процедурæ. Уыцы инстанцитæ æппæтдæр æххæст æрцыдысты æмæ референдум нысан æрцыд.Æвзæрстытыл дзырд куы цæуа, уæд махмæ куырдиат балæвæрдта æвзарджыты хъæппæ-рисон къорд, цæмæй йæ срегистраци кæнæм. Æвзарджыты уыцы хъæппæрисон къорд арæзт æрцыд республикæйы президенттæм Кокойты Эдуард Джабейы фырты кандидатурæ раразмæ кæныны тыххæй. Банысангонд хъæппæрисон къорды сконды уыд 100 адæймагæй фылдæр. Мах сын радтам регистраци скæныны тыххæй бæлвырдгæнæнтæ æмæ сын уыдон та дæттынц президенты бынатмæ Кокойты Эдуарды кандидатурæйы фарс рахæцыны тыххæй 1000 къухфысты рымбырд кæныны бар.Махмæ та, ныртæккæ, Централон æвзарæн къамисы куыст цæуы æвзарæн фадгуытæ аразыныл. Нæ куыст цæуы планмæ гæсгæ. Уыцы плантæ та сарæзтам «Республикæ Хуссар Ирыстоны президенты æвзæрстыты тыххæй» æмæ «РХИ-йы референдумы тыххæй» закъæттæм гæсгæ. Махмæ президенты бынатмæ кандидаттæ раразмæ кæныны хъуыддаг урæд цæуы хъæлæсæппæрсты бонæй 35 боны раздæр, ома, 8 октябры изæры 18.00 сахатæй фæстæмæ мах нал исдзыстæм президенты бынатмæ кандидаттæ раразмæ кæныны фæдыл цыфæнды куырдиæттæ. Æвзарæн фадгуытæ махмæ горæты арæзт æрцыд 18, æмткæй республикæйы та — 80 бæрц. Ацы аз æвзарæн фадгуытæ гом рцæудзæн Цæгат Ирыстоны дæр, уымæн æмæ уым тынг бирæ цæры Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй.Мах ацы аз нæ хъæлæс дæтдзыстæм æрмæстдæр иу документæй, уыцы документ у ныртæккæ нæхимæ цы паспорттæ дæттынц, уый. Афтæ ма нæ республикæйы æмбæстæг-тæ хъæлæс дæтдзысты цы бынæтты цæрынц, уыцы æвзарæн фадгуыты. 

БАФИДАР КÆНДЗÆН АДÆМЫ ХЪУЫДЫ

 Æнусты дæргъы ирон адæм сæхи ивæзтой Уæрæсейы рдæм. Чысыл адæм уæвгæйæ, уыдон сæ фидæн уыдтой æрмæстдæр Уæрæсейы сконды. Цæмæй уыцы хъуыддаг æрцыдаид, уый тыххæй Ирыстоны раззагон интеллигенцийы минæвæрттæ уæлдай тынгдæр архайын райдыдтой 18-æм æнусы æмбисæй фæстæмæ. Æмæ 1774 азы æрцыд стыр историон цау — иугонд Ирыстон бацыд Уæрæсейы империйы скондмæ. Цæмæй ирон адæмы ацы бæллиц сæххæст уыдаит, уый тыххæй Бетъырбухмæ ацыд делегаци Ирыстоны æндæр æмæ æндæр кæмттæй минæвæрттæ. Уыдон хорз зыдтой, ацы фæндагыл фæцæуын сæ чи бахæсджын кодта, уыцы цæрджыты хъуыды. Уæд кæд референдумтæ нæ уагътой, уæддæр дард Цæгатмæ цыдысты, Кавказы хохрæхысы дыууæ фарс чи баззадысты, сæ радтæг адæмы уыцы бæллиц æххæст кæнынмæ. Æмæ сæххæст.Ирыстоны адæм кад æмæ радæй лæггад кодтой стыр империйæн, паддзахадæн. Йе хсарджын фырттæ сæрыстырæй хъахъхъæдтой уырыссаг хæцæнгарзы кад, Уæрæсе цы бирæ хæстыты иста хайад, уыдоны. Мæгуыр, хæххон ирон адæмæн дæр фадат фæцис хæхты цъассытæй дæлвæз бынæттæм ралидзынæн.Гъе, фæлæ октябры революцийы фæстæ дих чи никуы уыд, уыцы чысыл Ирыстоны, чысыл адæмы фæдих кодтой. Йæ цæгаттаг хай бацыд Уæрæсейы Федерацийы скондмæ, йæ Хуссар хай та бацыд Гуырдзыстоны скондмæ, кæд Уæрæсе æмæ Гуырдзыстон сæхæдæг дæр иу паддзахады, ССР Цæдисы скондмæ бацыдысты, уæддæр.Ныппырх цæдис дæр æмæ Ирыстоны дыууæ хайы кæрæдзийæн æцæгæлон паддзахадты сконды аззадысты. Æмæ та абон хуссайраг ирæттæ æрлæууыдысты нæ фыдæл-тæ 1774 азы размæ цы фæндагыл лæуд уыдысты, ууыл. Уы-донæн сæ бæллиц Уæрæсейы скондмæ бацæуын куыд уыд, афтæ та абон дæр сæ бæллиц ссис уый. Æмæ цæмæй сæ фæндон зæгъой, не мбæстæгтæй алкæй хъуыды дæр хынцыд æрцæуа, уый тыххæй 12 ноябры уагъд æрцæудзæн референдум, ома хъæлæсæппæрст.Ацы ахсджиаг цау, æнæдызæрдыгæй, суыдзæн, нæ республикæ дарддæр цахæм фæндагыл ацæуа, цахæм уа йæхи æмæ дзы цы адæм цæры, уыдоны хъысмæт бæлвыр-дæгæнæг. Референдуммæ сæхи ныридæгæн кæй цæттæ кæнынц, разæнгардæй йыл кæй сæмбæлдзысты, уый ныридæгæн бæрæг у не мбæстæгтæм хъусгæйæ.Джиоты Аллæ, ХИПУ-йы хистæр ахуыргæнæг: — Мах Гуырдзыстоны скондмæ бацыдыстæм æрмæстдæр Октябры революцийы фæстæ, уымæй размæ уыдыстæм иу æнæхъæн Ирыстон, уыдыстæм Уæрæсеимæ. Гъе, æмæ референдумы хъæ-лæс дæтгæйæ, мах хъуамæ равзарæм дыууæ фæндагæй иу: кæнæ цагъарад æмæ цадæггай фесæфыны фæндаг, кæнæ хæдбардзинад.Гаглойты Ростик, Цхинвалы районы культурæйы хайады сæргълæууæг: — Мах раст фæндаг куы равзарæм, уæд уымæй ахъаз кæндзыстæм историон рæстдзинады фæуæлахизæн — Уæрæсеимæ Ирыстоны иудзинад æмæ æнæхъæндзинад сног кæнынæн.Пицкъаты Заирæ, медицинон хо: — Абон референдумы ных-мæ, æвæццæгæн, уыдзысты æрмæстдæр ахæмтæ, кæцытæн мисхалы бæрц дæр нæй йæ адæммæ, йæ райгуырæн зæхмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ, сæ фидæнмæ сын куыдфæндыйы цæстæй чи кæсы. Æмæ ахæмтæ та кæд ис, уæддæр уыдзы-сты хæрз цъус, иугæйттæй. Адæм сæ фæндон загътой иу хатт, 1992 азы, зæгъдзысты та йæ ныр дæр, æмæ йын йæ фæстиу-джытæ ногæй кæй бафидар кæндзысты, уый мæ уырны. 

ÆРЦАХСТОЙ УÆРÆСЕЙАГ АФИЦЕРТЫ

 Гуырдзыстоны ахст æрцыд æхсæз уырæсейаг афицеры. Уыдон азымджын кæнынц шпионаж æмæ развæдсгæрсты. Уæрæсейы разамонджытæ уый банымадтой, куыд радон загъдкъахæн архайд, афтæ. Уый размæ ма Ачъарайы æрурæдтой, 11 уырыссаг æфсæддон службæгæнæджы кæуыл бадтысты, ахæм автомашинæ. Æфсæддон службæгæнджыты фæ-надтой æмæ сæ уый фæстæ рауагътой. Уæрæ-сейы разамынд Гуырдзыстоны разамонджыты ахæм архайдтытæн радта цæхгæр дзуапп. Тбилисы Уæрæсейы дипломатон мисси æру-рæдта гуырдзиаг æмбæстæгтæн визæтæ дæттыны хъуыддаг.Уырыссаг афицерты æрцахсыны хъуыддагæн цæхгæр хуызы комментаритæ радта Уæрæсейы Федерацийы хъахъхъæнынады министр Сергей Иванов. Министр фехъусын кодта, зæгъгæ, шпионаж æмæ теракты хайад исыны уырыссаг æфсæддон службæгæнджыты Гуырдзыстон кæй аххосджын кæныц, уый у «бынтондæр æнæахъуыдыгонд æмæ æнæ-сæрфат ми». Уый банысан кодта, зæгъгæ, кæй æрцахстæуыд, уыцы уырыссаг афицертæй æртæ Гуырдзыстонмæ æрцыдысты иу мæйы размæ æмæ сын æппындæр ницы ахаст уыд цахæмдæр теракттæм. Сергей Иванов куыд загъта, афтæмæй кæй æрцахсæуыд, уыцы æфсæддон службæгæнджытæ сæ къухтæ не рфыстой æппындæр ницы документтыл æмæ нæ радтой зонæнтæ. Гуырдзыстоны уыцы архайдтыты уый банымадта, куыд «æххæст æнæсæрфатдзинад æмæ истерикæ», афтæ. Ахæм цаутæн Уæрæсейы дзуапп уыдзæн «адекватон æмæ фидар», — банысан кодта министр. 

НАЛ ИСЫНЦ ДОКУМЕНТТÆ

 Тбилисы мидæг Уæрæсейы Федерацийы ми-нæварад 28 сентябрæй фæстæмæ доку-менттæ нал исы Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн уырыссаг визæтæ аразыны сæраппонд, «Ин-терфакс»-æн фехъусын кодта Уæрæсейы дип-ломатон миссийы пресс-секретарь Михаил Свирин.«Мах банысан кодтам уый, æмæ ист кæй нал цæуынц документтæ. Уый афтæ нæ нысан кæны æмæ визæтæ лæвæрд нал цæудзæн, абоны онг документтæ чи радта, уыцы æмбæс-тæгтæн. Уыдон визæтæ райсдзысты», — бам-барын кодта М. Свирин. МИНÆВАРМÆ ФÆДЗЫРДТОЙ МÆСКУЫМÆУæрæсейы Федерацийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады уынаффæ райстæуыд Гуырдзыстоны мидæг Уæрæсейы Феде-рацийы минæвар В. Е Коваленкойы Мæскуымæ æрцæуын кæныны тыххæй консультацитæ ауадзыны сæраппонд.Гуырдзыстоны мидæг Уæрæсейы уагдæтты кусджытæ æмæ сæ бинонты æдасдзинад тынг тæссаг кæй ссис, уымæ гæсгæ аскъуыддзаг чындæуыд уыцы бæстæйæ сæ цъусгай ракæ-нын. Уыцы нысæнттæн Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты министрады хæдтæхджыты фыццаг рейстæ плангонд æрцыдысты 29 сентябрмæ.Сæвзæргæ уавæрмæ гæсгæ Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад Уæрæсейы æмбæстæгтæн бацамыдта, цæмæй сæхиуыл фæхæцой Гуырдзыстоны уынгты цæуынæй. 

ФИДАУЫНГÆНДЖЫТÆ СÆ ХÆС ÆХХÆСТ КÆНЫНЦ НАМЫСДЖЫНÆЙ ÆМÆ АХАДÆНÆЙ

 2006 азы 22 сентябры Нью-Йорчы Баиугонд Нациты Организацийы Генералон Ассамблейы Гуырдзыстоны президент М. Саакашвилийы раныхасæн Уæрæсейы Фе-дерацийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр С. Лавровы дзуаппФарст:-Баиугонд Нациты Организацийы Генералон Ассамб-лейы трибунæйæ М. Саакашвили ноджыдæр æрсидт Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæй уырыссаг фидауынгæн-джыты акæнынмæ æмæ æгæрыстæмæй фехъусын код-та, зæгъгæ, цалынмæ уыдон нæ акæной, уæдмæ уый йæ къух не 'рфысдзæн тыхæй не спайда кæныны тыххæй сразы-дзинадыл. Ды не сбæлвырд кæндзынæ Гуырдзы-стоны лидеры ахæм хъусынгæнинаджы фæдыл нæ позици?Дзуапп:-Æз ын бакастæн йæ раныхас æмæ,  раст зæгъгæйæ, дисы бахаудтæн, уыцы тексты афтæ бирæ зыгъуыммæ факттæ кæй ис, уый тыххæй. Гуырдзыстоны президент фехъусын кодта, зæгъгæ, Баиугонд Нациты Организаци æмæ Европæйы Æдасдзинад æмæ æмкуысткæнынады фæдыл организацийы хаххыл документтæ арæзт кæй тыххæй æрцыд, уыцы цаутæм гæсгæ уырыссаг фидауынгæнджытæ Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны æдзух халынц сæ мандаттæ. Æцæгдзинадæн уымæй тынгдæр сызгъуыммæ гæнæн нæй. Æз Баиугонд Нациты Организацийы куы куыстон, уæд дæр æмæ ныр дæр, министрæй куы кусын, уæд æз æдзух кастæн æмæ кæсын Абхазы уавæры фæдыл Баиугонд Нациты Организацийы Генералон секретары докладтæ, æз æдзух зонгæ уыдтæн Хуссар Ирыстоны уавæры тыххæй Европæйы Æдасдзинад æмæ æмкуысткæнынады фæдыл организацийы æрмæджы-тимæ. Æмæ сæ иуты дæр æмæ се 'ннæты дæр нысан цыд, зæгъгæ, фидауынгæнджытæ сæ хæс æххæст кæнынц намысджынæй æмæ ахадæнæй. Æдасдзинады Советы резолюциты бирæ хæттыты хорзыл нымад цыд Абхазы сабырад хъахъхъæнынмæ Хæдбар Паддзахадты Æмхæла-рады фидауынгæнджыты бавæрд, хорзыл нымад цыд Гуыр-дзыстоны хъус дарыны фæдыл Баиугонд Нациты Организа-цийы миссиимæ се 'мкуысткæнынад. Æмæ уæдæ документты кой куы конай, уæд æвæццæгæн, фыццаг хъуамæ базонгæ уай семæ. Гуырдзыстоны президенты раныхасы дзырд кæуыл цыд, уыдонмæ ма уæлæмхас раразмæгонд чи æрцыд, уыцы азымтæ дæр тынг критикæ кæнинаг сты. Зæгъæм, уый фехъусын кодта, зæгъгæ, фидауынгæнджыты позицийы аххо-сæй лигъдæттæн сæ бон нæу Абхазмæ, номхуындæй та Гали-йы районмæ æрыздæхын. Афтæмæй та уырдæм æрыздæхт 60 мин адæймаджы бæрц. Ныр афæдзæй фылдæр Уæрæсе йæ гуырдзиаг коллегæтæй домы, цæмæй æххæст кæнын райдайой Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны президентты афтæ-хуыйнæг «Сочæйы бадзырдтæ», уыцы нымæцы сног кæной лигъдæтты фæдыл къорды куыст дæр. Фæлæ Гуыр-дзыстоны разамынд йæхи тылиф кæны æмæ нæ разы кæны лигъдæтты æрыздæхыны процесс æрбæстон кæныны сæрап-понд бына-ты ногæй æмбæлон регистраци ауадзыны тыххæй лигъдæтты хъуыддæгты фæдыл Баиугонд Нациты Организацийы Уæлдæр къамисары управленийы фæндоныл. Уый та уын цалдæр цæвиттоны, реалон факттæ цахæм сты, уый тыххæй.Бакастæн, дарддæры архайдтыты тыххæй фæндæттæ кæм ис, йæ раныхасы уыцы хай дæр. Развæлгъау уавæрты хуызы уыдон хæссынц Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны демилита-ризаци. Æндæр æмæ æндæр каналтæй Гуырдзыстонмæ дзæвгар размæбырсæн хотыхтæ æрвитыны уæвæг фактты рæстæджы ахæм фæндæттæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æркæнынц бæлвырд хъуыдытæм.                                                             2006 азы 23 сентябрь