Архипстырское обращение перед началом Великого Поста на осетинском языке

ЧЫРЫСТИЙЫ ФÆРЦЫ МÆ УАРЗОН САУДЖЫНТÆ, ДИАКЪОНТÆ, МОЛАДЗАНТÆ, ЗЫНАРГЪ ÆФСЫМÆРТÆ ÆМÆ ХОТÆ!

Мах лæууæм Сыгъдæг Аргъуаны афæдзæн йæ сæрмагонд афоны — Стыр комдарæны — къæсæрыл. Рæхджы нæ аргъуанты кусджытæ сæ дарæстæ аивдзысты сауæй, æмæ мах нæ зонгуытыл æрлæудзыстæм æмæ, нæ тæригъæдтыл кæугæйæ, Хуыцаумæ бахатдзыстæм сыгъдæг моладзан Сириаг Ефремы фæсмоны куывды ныхæстæй: «Дунедарæг æмæ мæ царды Бардарæг…».
Стыр комдарæн, Сыгъдæг Дыууиссæдз боны, у Аргъуаны афæдзы дæсæм хай; нæ зæрдыл нын æфтауы, алы растуырнæг чырыстоныл дæр Хуыцауы раз цы дæсæтины хæс æвæрд ис, уый. Стыр комдарæны рæстæг уырнæг адæм хиуылхæцгæ вæййынц хæрдыл, уæлдайдæр — фыццаг бонты. Фæлæ нæ комдарæн хъуамæ канд хæрыны æгъдауæй ма хицæн кæна. «Æцæг комдарæн у фыдракæндæй хи бахизын, æвзаг уромын, мæстыгæр зæрдæйы ахаст ныууадзын, æнæуаг монцтæ, хахуыртæ, мæнг дзурын, ардбахæрдтытæ халыныл хъоды бакæнын» (Стыр комдарæны фыццаг къуырийы къуырисæры изæры службæйы стихирæ), — зары Сыгъдæг Аргъуан. Комдарæн у мондæгтæ уромыны æмæ зæрдиагæй æрфæсмон кæныны рæстæг, удварны рæзт æмæ зæрдæйы ахаст сног кæныны мадзал, Хуыцауы раз æцæг кувыны æмæ уисæны ахуыргæнæндон. Уымæ гæсгæ, уыцы бонты уырнæг адæм арæхдæр цæуынц аргъуанмæ, ноджы æнувыддæрæй сæхи хъарынц Чырыстийы Сыгъдæг Аходæн райсыныл æмæ афтæмæй сæхи бацæттæ кæнынц Бардарæджы Утæхсæны къуыримæ æмæ Чырыстийы Райгасы бæрæгбонмæ — ирвæзынгæнæн Куадзæнмæ. Уымæн æмæ, сыгъдæг Афанасийы загъдау, «Дыууиссæдз боны комдарæн чи ницæмæ дары, уымæн Куадзæны бæрæгбон дæр нæй».
Арфæйаг Стыр комдарæны къæсæрыл уын мæ зæрдæ зæгъы, Хуыцау уын ахъазгæнæг куыд уа ацы сгуыхты фæндагыл, ратта уын иудадзыг кувыны хъомыс, иугæндзон удæргъæвды фарн, баххуыс уын кæна, цæмæй аккаг бацæттæ кæнат уæхи, ныридæгæн чи æрбаввахс, уыцы бæрæгбæтты Бæрæгбонмæ — Чырыстийы Куадзæнмæ! Аммен.

+ ЗОСИМÆ,
Дзæуджыхъæу æмæ Аланийы архиепископ

Хатыркурæн Хуыцаубон
2014 азы 17 февраль / 2 мартъи