Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты бынатмæ кандидат БИБЫЛТЫ АНАТОЛИ ИЛЬЯЙЫ ФЫРТЫ ПРОГРАММÆ

ИРОН АЙГÆРСТ:

ИУДЗИНАД. УАГÆВÆРД. РАЙРÆЗТ.

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты бынатмæ кандидат

БИБЫЛТЫ АНАТОЛИ ИЛЬЯЙЫ ФЫРТЫ

ПРОГРАММÆ

 

 

ИРОН АЙГÆРСТ:

ИУДЗИНАД. УАГÆВÆРД. РАЙРÆЗТ 

Хуссар Ирыстоны адæмæн рагæй фæстæмæ уыд бæллиц – Хæдбардзинад райсын, дунеон æмæхсæнады нымад уæнг суæвын. Хæдбардзинад нæ къухы бафтыд хæцæнгарзы фæрцы, нæ бæстæ нын банымадтой Уæрæсейы Федераци æмæ æндæр бæстæтæ, ИНО йы уæнгтæ. 

Абон Республикæ лæууы ног историон сидты раз – УА ÆВИ МА УА. 

Мах хъуамæ бахъахъхъæнæм нæ Хæдбардзинад æмæ сфидар кæнæм хисæрмагонд бæстæ. Мах хъуамæ нæ Райгуырæн бæстæйæ саразæм рæстаг, тыхджын æмæ дидинæфтауæг бæстæ, цыран цæрынæн уыдзæн æхцон. Ахæм паддзахад, кæцымæ æрыздæхдзысты ахæмтæ, кæддæр йæ райгуырæн бæстæйæ ацæуыны сæр кæй бахъуыд. Мах фæнды нæ республикæйы йæхи æмбæстæгтæ æмæ æппæт ирон адæмæн уарзонæй фенын. Æгас дунейы йын  аргъ кæной. 

Абон махæн нæй политикон интригæтæ æмæ ныхмæлæудтыл нæ рæстæг æмæ энерги хардз кæныны бар. Цæй æмæ æрхъуыды кæнæм уыцы иудзинад, 2008 азы знагæн ныхкъуырд кæимæ лæвæрдтам. Æртæ азмæ мах уый фесæфтам, æмæ систæм кæрæдзийы ныхмæ. Мах хъуамæ ногæй æрбангом кæнæм æхсæнады фидæны рæзты сæрвæлтау. Æрмæстдæр кæрæдзи æмбаргæйæ бауыдзæн нæ бон нæ бæстæйыл схæцын. 

Хæсты фæстæ Республикæйы æндидзынад ныссуйтæ бюрократи æмæ коррупцийы. Мах æгæр бирæ æнхъæлмæ кастыстæм нæ зæххыл сабырадмæ, æмæ ма хъуамæ быхсæм ахæм уавæрæн. Мах хъуамæ нæхицæн дæр æмæ æгас дунейæн дæр бауырнын кæнæм, нæ бон кæй у нæхи хъаруйæ цæрын. Кæй стæм, стыр аргъæй кæй райстам, уыцы хæдбардзинады аккаг. Президенты бынаты мæ архайды программæ хуыйны «ИРОН АЙГÆРСТ: ИУДЗИНАД. УАГÆВÆРД. РАЙРÆЗТ». 

Уый нысан кæны тагъддзинад, бæстæйы алыфарсон рæзтмæ ахъазаг къахдзæф сифтонг кæнын. Ирыстонæн уый хъуамæ уа йæ фидæнмæ, адæмы хуыздæр цардыуагмæ  хъомысджын балц.  

ИУДЗИНАД 

НАЦИЙЫ ИУДЗИНАД 

Адæймагады историйы иунæг стыр æнтыстдзинад дæр никуыма æрцыд æнæ æппæтадæмон хайадистæй. ИРОН АЙГÆРСТ домы бæстæйы æппæт æмбæстæгты, æппæт партиты, æхсæнадон организациты æмæ кусæг коллективты хъару мобилизаци кæнын. Нæ Райгуырæн бæстæ сæндидзын кæныны хъуыддаджы махмæ гæнæн нæй æмæ уа уæлдай чи уа, ахæмтæ кæнæ оппозиционертæ. Æрмæстдæр иугуырæй, кæрæдзи æмбаргæйæ бауыдзæн нæ бон нæ разылæууæг хæстæ къухы бафтын кæнын. 

Хуссар Ирыстоны ма хъуамæ уа, бæстæйы æхсæнадон-политикон цардæй аиуварсгонд адæмы къорд. Мах ахæм стыр этносмæ нæ хаууæм, цæмæй нæхицæй иппæрд кæнæм æгæрыстæмæй хицæн адæймæгты дæр. Алы æмбæстаг дæр хъуамæ зынаргъ уа нæ бæстæйæн. Алы адæймаджы, алы гоймаджы бартæ дæр хъуамæ паддзахадон хицауиуæгадæн суой уаз закъон, хъуамæ хъахъхъæд цæуой æнæфæцудгæйæ. 

Нæ бæстæйæн æнæмæнгхъæуæг у æхсæнадон, æмбæстагон ногуæзисынад. 

 Мах райдайдзыстæм Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион тæрхондон саразынæй Хуссар Ирыстоны Бындурон закъоны 82 статьямæ гæсгæ. Конституцион тæрхондонæн хъуамæ лæвæрд æрцæуа закъондæдтынадон инициативæйы бар. Ацы тæрхондонон орган у æнæмæнгхъæуæг, æмбæстагон æмæ æхсæнадон иститутты æххæст уæвынадæн, æхсæнадон бадзырд хъахъхъæнынæн. Нæ бæстæйы партион арæзтад хъуамæ уа максималонæй фæхуымæтæгдæргонд. 

Мах райдайдзыстæм Адæймаджы барты фæдыл æххæстбарджыны хæдбар иститут бакæнынæй, кæцыйы нысан кæндзæн Парламент. Адæймаджы барты фæдыл æххæстбарджын йæ хæстæ æххæст кæнгæйæ хъуамæ уа хæдбар, ма уа искæцы паддзахадон орган æмæ бынатахсæг цæсгæмтты дæлæвджид. 

Мах райдайдзыстæм Æхсæнадон палатæйы роль фæбæрзонддæр кæнынæй, йæ аразыны фæткы ивындзинæдтæй. Уымæн йе сконды хъуамæ уой нæ бæстæйы æппæт æхсæнадон организациты, æппæт плоитикон партитæ æмæ змæлдты минæвæрттæ, Адæймаджы барты фæдыл æххæстбарджын. Æхсæнадон палатæйæн хъуамæ уа закъондæдтынадон инициативæйы бар. 

Æххæст æмбæстагон æхсæнад саразынæн, экономикон социалон программæтæ сæххæст кæнынæн нæ бæстæйы хъæуы адæймагон ресурс. Хуссар Ирыстоны цæрджыты чысылнымæцы уавæрты цыфæнды экономикон æмæ социалон программæтæ дæр царды ауадзын уыдзæн тынг вазыгджын хæс. Мах хъæуы репатриацийы программæ. Æнæмæнгхъуыддаг у нæ бæстæмæ æппæт æмбæстæгты дæр фæстæмæ æрыздахын, кæцытæ ардыгæй ацыдысты гуырдзиаг этникон сыгъдæгкæнынады фæстиуæгæн, сæ фæдыл зилыны тасдзинадæй кæнæ хуыздæр цардагур. Хуссар Ирыстон хъуамæ суа фидархъахъхъæдгонд бæстæ, хъуамæ суа бæллиццаг хæдзар алы иронæн дæр, кæм цард æмæ кæм райгуырд, уымæ æнæкæсгæйæ. Махæн æнæмæнгхъуыддаг у нæ бæстæйы цæрджыты нымæц 2020 азмæ 100 мины онг схизын кæнын. Ацы хæс сæххæст кæнын хъуамæ суа Хуссар Ирыстоны национ æдасдзинады концепцийы ахсджиагдæр пункттæй сæ иу.

ИУУОН ИРЫСТОН

Мах стæм иу адæм. Чи нæ хицæн кæны, уыцы арæн æппæт йæ формалон процедурæтимæ махæн у дæлдзиныггæнæг. Мах не ппæт дæр æмбарæм, кæй хъуамæ тырнæм Цæгат Ирыстонимæ баиумæ. Фæлæ уый у дæргъвæтин процесс. Ахæм баиукæнынад нæ сырæздзæн иу бонмæ. Баиукæнынад хъуамæ суа проект, райдайын хъæуы цадæггай, фæлæ йæ реализаци кæнын хъæуы æнæаргъæвгæйæ. Хъæуы æрбæстон кæнын закъондæдтынад, хъæуы æмбæстæгты царды уавæртæ æмæ социалон хъæхъхъæнынады æмвæзад сæмхуызон кæнын, схæцын хъæуы инфраструктурæйыл. Æрмæст популизмæй баиукæнынад нæ рауайдзæн – уымæн хъæуы серьезон, дыууæ паддзахады æмвæзадыл бакуыстгонд æмæ реализаци кæнæн кæмæн ис, ахæм план.

УÆРÆСЕИМÆ ИУДЗИНАД

Уæрæсейы Ферерацийы фæрцы махæн нæ къухы бафтыд Хæдбардзинад æмæ ныртæккæ æндидзын кæнæм нæ бæстæйы. Уый у, аргъ кæмæн нæй, ахæм æфсымæрон æххуыс. Нæ размæцыды мах æнцой кæнæм Уæрæсеимæ дарддæры æмгуыстадыл, йе ххуыс æмæ фарсхæцынадыл. Хуссар Ирыстонæн ис  УФ  иуæй-иу къабæзты æмгуыстады уникалон позитивон фæлтæрддзинад, зæгъæм УУ министрады хаххыл. Уыцы фæлтæрддзинадæй разы сты,  куыд нæ уæрæсейаг коллегæтæ, афтæ  РХИ йы æмбæстæгтæ дæр. Ацы фæлтæрдзинад æнæхъæн бæстæйыл апарахат кæнын у æнæмæнгхъæуæг хъуыддаг – æмвæнд куыст, æмæ, сæйраджы та – намысджынæй. 

Мах Уæрæсеимæ бæттынц рагон æмæ æнгом бастдзинæдтæ. Нæ Фыдыбæстæйы иууыл зындæр рæстæджытæй сæ иуы уæрæсейæгтæ сæхи равдыстой, куыд æцæг хæлæрттæ, афтæ. Махæн æрцыд рæстæг, цæмæй йæ бауырнын кæнæм, ирон адæм кæй зонынц хæлардзинадæн аргъ кæнын.

Æрмæстдæр Уæрæсеимæ иумæ уæвгæйæ бауыдзæн йæ бон нæ бæстæйæн размæ цæуын, куыд хæдбар, фæрныг бæстæ, афтæ рæзын. 

УАГÆВÆРД

УАГÆВÆРД – уый у коррупцийы ныхмæ æгъатыр тох 

Нæ бæстæ бафæллад уæрæсейаг æххуыс паплойкæнынæй. Махмæ хъуамæ ма уа, бавналæн кæмæ нæй, ахæмтæ. Алы чиновник дæр æрвылаз мыхуыр кæндзæн йæхи æмæ йæ бинонты уæнгты афæдзы æфтиæгты тыххæй деклараци. Арæзт æрцæудзæн сæрмагонд Антикоррупцион комитет, кæцы æргом кæндзæн коррупцион схемæтæ æмæ тох кæндзæн сæ ныхмæ. Паддзахадон фæрæзтæй æнæнысанмæздæхт нысæнттæн чиновниктæй чи пайда кæна, уыдон конд цæудзысты бæрндзинадмæ. Уыцы процесстæ максималон æгъдауæй хъуамæ уой æргом – коррупцийы алы факты тыххæй дæр хъуамæ зындгонд уа æнæхъæн бæстæйæн. Республикæйы къухдариуæгадмæ уагъд хъуамæ цæуой ахæм адæм, кæцытæн сæхи интерестæй асджиагдæр сты нæ бæстæйы интерестæ. Ахæмтæ махмæ ис. 

Æнæмæнгхъуыддаг у, Генералон прокуратурæ кæмæй пайда кæны, уыцы принциптæ æмæ мадзæлттæ бындуронæй фæивын. Ацы органæй саразын хъæуы арæзтад æмæ капиталон цалцæджы паддзахадон падрядонты давындзинад æмæ коррупцийы ныхмæ тох кæныны сæйраг орган. Къæрных, коррупционер æмæ Ирыстоны æндидзынадæн рахицæнгонд фæрæзтæ паплойгæнæг карзæй æфхæрд цæудзæн закъонмæ гæсгæ. Уымæй дæр мах архайдзыстæм, цæмæй коррупционер æфхæрд баййафа Уæрæсейы Федерацийы закъæттæм гæсгæ дæр. 

УАГÆВÆРД – уый у социалон рæстдзинад фидаргæнæг

Кæм цæрæм, уыцы æхсæнад хъуамæ уа стабилон æмæ хæрзифтонг, нæ иумæйаг æмдзæрæны фæткойтæ хъуамæ алкæмæн дæр уой иугъуызон æмæ æмбæрстгонд. Нæ паддзахады хъуамæ ма уа дæлдæр-уæлдæртæ адæмы æмæ æмбæстæгты хицæн къордты хсæн. Социалон рæстдзинады æхсæнад – уый у, паддзахад куы дæдта гаранти закъондзинадæн, исад хъахъхъæнынад, куы аргъ кæной традицитæн, тыхджын æдыхæн куы æххуыс кæна.

УАГÆВÆРД – уый у паддзахадон аппарат æмæ закъонон фидардзинады эффективондзинад 

Нæ бæстæйы закъон хъуамæ уа уæлдæр юридикон тых. Тæрхондæттæ хъуамæ хицæн уой хицауиуæгады æндæр къабæзтæй, хъуамæ хъахъхъæд цæуой æддагон æндæвдадæй. Цыфæнды фæткæн дæр уæвæн нæй, паддзахад æмæ æхсæнады æппæт сферæтыл дæр чи нæ æххæса, æнæ ахæм закъæттæй. Æнæмæнгхъæуæг у, закъондæдтынады цы згъуыдтæ ис, уыдон цыбырæмгъуыдмæ аиуварс кæнын. Æрмæстдæр зондджын æмбарынадтæ, зондджын зæкъæттыл хъуамæ бындуриуæг кæной æппæт æмвæзадтыл тæрхондæттæ дæр. Æнæмæнг саразын хъæуы тæрхоны хъуыддæгтæ рæстагæй æвзарыны гарантитæ. 

Нæ бæстæйы хъæуы куыстхъом Парламент. Парламенты райсгæ нормативон-барадон актты нымæц у бынтон цъус. Цы æххæстбартæ йын ис, уыдонæй дæр кæм нæ пайда кæны, уыцы уавæры Парламентæн уæлæмхас æххæстбартæ радтыныл дзырд нæ цæудзæн. Закъондæдтынады цы згъуыдтæ ис, уыдон æмбæлон закъæттæ райсыны размæ æнæмæнг хъуамæ иуварс цæуой Президенты Указтæм гæсгæ. 

Парламент хъуамæ суа профессионалон. Парламенты депутаттæ хъуамæ кæной æрмæстдæр закъондæдтынадон архайд, уыдонæн хъуамæ  ма уа цыфæнды æндæр бынæтты дæр кусыны, амалиуæгадон архайд кæныны бар. 

Æнæмæнг сифтонг кæнын хъæуы закъондæдтынад æмæ закъонфæлдисынады æргомдзинад. Æхсæнадон организацитæ хъуамæ хайад исой паддзахадон процессты, уа сын контрол ыл кæныны фадат. Алы æмбæстаг дæр хъуамæ райса закъондæдтынады максималонæй фæхуымæтæгдæргонд бар закъондæдтынады хайад исынæн.

Мах хъуамæ рахизæм уæрæсейаг нормативон-барадон акттæ исын æмæ фæлхаткæнынадæй хисæрмагонд закъондæдтынадон базæ аразгæйæ, нæ паддзахады спецификæ нымайгæйæ. 

РАЙРÆЗТ 

Фæсхæст нæ бæстæйы æндидзынады тагъд æнтысты ныфсытæ нæ фæрæстмæ сты. Ацы къуыхцыдзинады аххосджынтæ хъуамæ баййафой карз æфхæрд. Абоны онг дæр нæ Республикæйы цæрджытæй бирæтæн нæй цæрæнуат, нæй сын дон. Нæй фæндæгтæ нæ районты хсæн. Нæ дæр фæндæгтæ, нæ дæр тротуартæ ис нæ кæддæры рæсугъд столицæйы. Бирæтæ баззадысты æгуыстæй, кæмæн атылд, уыдон та – куыд фæтк, исынц хæрзчысыл мызд.фæсхæсты пырхæнтæ иуварс цæуынц тынг сындæггай. Мах хъæуы социалон-экономикон рæзты бирææмгъуыдон дырыс план саразын, æппынкъаддæр 10 азы æмгъуыдмæ. Алчи дæр куы зона, цы аразын хъæуы, уæд æндидзынад æмæ рæзты хъуыддаг уыдзæн бынтон æндæргъуызон. Махæн нæй рæстæг уонгуагъд процесттæн, бæстæйы хъæуы хъомысджын феггуырст. Æрмæстдæр афтæ бауыдзæн нæ бон реалонæй саразын НОГ КУСÆН БЫНÆТТÆ, ÆРГЪТÆ ÆРЫППАРЫН æмæ КУЫСТМЫЗДТЫЛ СХÆЦЫН.

Хуссар Ирыстонæн йæ бон нæ бауыдзæн сæндидзын æнæ экономикон рæзты бирææмгъуыдон планæй.

АДÆМОН КОНТРОЛЬ

Уæрæсейы Федерацийы Хицауад Ирыстоны æндидзынадæн рахицæн кодта 6,5 миллиард сомæй фылдæр. Хуссар Ирыстоны Хицауад нырма уыдонæй спайда кодта æрмæстдæр 1,5 миллиард сомæй, æмæ йæ бон нæу уыдоны тыххæй Уæрæсейы раз хыгъд радтын. Уымæ гæсгæ Республикæйæн йæ бон нæу, чи ма дзы баззад, уыцы 5 миллиард сомы райсын. Ахæм политикæйы фæстиуæг сымах уынут нæ уынгты æмæ нæ фæндæгтыл.

Мах хъуамæ æмбарæм – Уæрæсейы рæдаудзинад æмæ быхсынад æнæкæрон не сты. Æфсымæрон Уæрæсе  Хуссар Ирыстон сæндидзын кæнынæн кæй æххуыс кæны, уый бынтондæр афтæ нæ нысан кæны, æмæ нæхицæй сисæм бæрндзинад, цæмæй уыцы æххуыс давд ма цæуа, фæлæ хардз цæуа йæ нысаниуæгмæ гæсгæ. 

Уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны экономикон рæзты бындурон приоритеты уынын экономикæмæ адæмон конроль раздахын. Уый тыххæй алы цæрæн пункты дæр адæм сæхæдæг хъуамæ æвзарой сæ территорийыл арæзтад æмæ æндидзынады приоритетон проекттæ. Фыццаграды иу кæнæ иннæ хъæуы сæндидзын кæнын цы хъæуы, уый чиновник куы скъуыддзаг кæна, уæд фæрæзтæ хардз никуы цæудзысты сæ нысаниуæгмæ гæсгæ. Чиновник кæддæриддæр æнцой кæндзæн, адæмы нæ, фæлæ йæхи пайдайæн чи у, ахæм проект равзарыныл.

2012 азы райдианмæ Президентæн уыдзæн бæлвырд æмæ дырыс план алы цæрæн пункты дæр фыццаградон хæсты фæдыл. Уый фæкъуындæг кæндзæн коррупцийы тыгъдад. 

ИНВЕНТАРИЗАЦИ æмæ ПЛАНКÆНЫНАД

Махæн æнæмæнгхъæуæг хъуыддаг у паддзахадон исады аудит æмæ хыгъд саразын. Паддзахад ныры онг нæ зоны, цы æмæ йын цас исад ис, уый. 

Ахсджиаг у бæстæйы кадастрон программæ реализаци дарддæр кæнын. Æнæмæнгхъæуæг у Республикæйы зæххытæн кадастрон хыгъд ауадзын, сбæлвырд кæнын хъæуы, кæцы дзы у хъæууонхæдзарадон, цæрынæн, æрдзонхъахъæнынады зонæ æмæ сæудæджерадæн бæзгæ. Зæххæй йæ нысаниуæгмæ гæсгæ ма пайда кæнынæн уыдзæн карз ныхкъуырд. 

Дæсазон Планмæ хъуамæ хауон къабазон плантæ – куыд хъæуы алы конкретон къабазы дæр рæзын кæнын, цы нысæнттæ лæууы йæ разы. Рæзты бынæттæ сæйраджыдæр агурын хъæуы  ХЪÆУУОН ХÆДЗАРАДЫ, РОГ æмæ ХÆЛЦАДОН СÆУДÆДЖЕРАДЫ, ТУРИЗМ æмæ АХУЫРАДЫ сферæйы. Ацы приоритетон къабæзты æнæмæнгхъæуæг у паддзахадон управленийы сæрмагонд уавæр. 

Æнæмæнгхъæуæг у адæмы сфыст ауадзын – сбæлвырд кæнын хъæуы кусæг ресурс, цæмæй бæрæг уа Республикæйы экономикон потенциал, базарады хъуагдзинады гуыррахст. Уыцы зонæнтæ хъæуынц хæрзгъæд планкæнынады. 

Паддзахады экономикæйæн бынтон ахсджиаг фактор у коммуникациты арæзтад. Фæндæгтæ сты экономикæйы тугдадзинтæ. Куы уой фæндæгтæ, электроадæдтæн хæххытæ, газ, уæд республикæйы регионтæ рæздзысты æмхуызонæй. Тагъд рæстæджы æнæмæнг хъуамæ кæронмæ бахæццæ уа Цхинвал-Ленингор, Цхинвал-Цъинагар, Цхинвал-Къуайсамæ сæсæфæндæгты арæзтад, хъæуы Дзауы районы фæндæгты уавæр фæхуыздæр кæнын.

ДУНЕОН БАНЫМАД 

РАЙРÆЗТÆН стыр нысаниуæг ис дунеон банымад æмæ дунеон æмæхсæнадимæ интеграцийæн. РХИ йы Президент, Æддагон хъуыддæгты министрад æмæ Парламенты сæйраг нысæнттæ æмæ хæстæ хъуамæ суой:

-Дунеон æмæхсæнады рдыгæй банымад.

-ИНО æмæ æндæр дунеон организацитæм бацæуын.

-Дунеон аренæйыл РХИ йы хæдбардзинады политикон-барадон бындуртæ фæдфæдылон æгъдауæй æмæ плпнмæ гæсгæ фидар кæнын.

-Дунеон аренæйыл 1989-2008 азты гуырдзиаг агрессийы фæстиуæгæн нæ экономикон æмæ адæймагадон потенциалон æфхæрды тыххæй компенсаци райсынмæ нæ æнæаскъуынгæ бар банымайын кæнын.

-Цæмæй нымад æрцæуæм ахæм дунеон гуманитарон организациты рдыгæй: ЮНЕСКО, Дунеон Сырх Дзуар, Æрдзхъахъхъæныны дунеон фонд æмæ а.д.

-Цæмæй нæ банымайой ахæм дунеон спортивон организацитæ:МОК,FILA, FIDE æмæ æндæртæ.

 

ХЪÆУУОН ХÆДЗАРАДЫ РÆЗТ

 

Нæ паддзахад у аграрон бæстæ. Хъæууон хæдзарады рæзт у Национ æдасдзинады фыццаградон ахсджиагдзинад æмæ стратегион фарст.

 

Паддзахады аграрон политикæ хъуамæ бындуриуæг кæна ахæм бындурон уагæвæрдтыл:

паддзахад хъуамæ дæдта хатырон кредиттæ (афæдзæн 5% уæлæмæ нæ) техникæ балхæнынæн, хъацæнтæн, цæрæнуаты арæзтадæн, рауагъдадон комплекс æмæ социалон сферæ æндидзын кæнынæн;

паддзахад хъуамæ сараза хъæууонхæдзарадон продукцийы фидар æргътæй паддзахадон балхæдтытæ æмæ закъазты системæ;

-хъуамæ сараза паддзахадон зæххы банг æмæ зæхх балхæнын-ауæй кæнын æрмæстдæр зæххы бангыл, цæмæй фадат ма уа адæмон исады фæдыл спекуляци – уый у, Германы реализаци чи рцыд, ахæм хуыздæр дунеон фæлтæрддзинад;

-хъæууонхæдзарадон нысаниуæджы зæххытæ хъуамæ арендæйы лæвæрд цæуой, чи сæ бакуса, уыдонæн æмæ хъæууон интеллигенцийæн;

-сæудæджерадон уагдæттæн зæхх дæдтын хъуамæ суа экологион баланс бахъахъхъæныны бындурон фактор;

-æнæхæрзиуæгон уавæрты, æрдзон æнамонддзинæдты рæстæджы хъæууонхæдзарадонкуыстгæнджытæн паддзахад фиддзæн дотаци, фесæфгæ исад баххæст кæныны фæдыл;

-хъæууон сколатæ ногæй бакæнын æмæ ахуыргæнджытæн уæлæмхас мызд фидын.

 РОГ æмæ ХÆЛЦАДОН СÆУДÆДЖЕРАДЫ РÆЗТ 

Нырыккон экономикæ размæ кæны æрмæст хомаджы экспорт рæзын кæнын нæ, фæлæ цæттæ продукт дæр. Уымæ гæсгæ æнæмæнгхъуыддаг у цыбыр æмгъуыдтæм адæмæй æлхæдцæуæг хъæууонхæдзарадон продикцийы бакуыст ныббиноныг кæнын. Бакæнын хъæуы косервгæнæн, калбасаразæн цехтæ, минералон дон уадзыны куыстуæттæ. Уый бюджетæн æфтиæгтæ æрхæссыны уæлдай фæахъаз уыдзæн кусæн бынæттæ сифтонг кæнынæн. Нæ продукцийы сæйраг базарадон фæзуат у Уæрæсейы Федераци. Уымæ гæсгæ паддзахад æххуыс кæндзæн куыстуæттæн Уæрæсейы партнертæ агурын æмæ базарыл тох кæнынæн. 

ТУРИЗМЫ РÆЗТ

Хуссар Ирыстонæн ис тынг хорз туристон потенциал. Æнæхæдзардзинæй ма пайда кæнæм, æрдз нын цы радта, уымæй. Мах хъуамæ спайда кæнæм уыцы ресурсæй, кæцы туризмæй сараздзæн Республикæйы экономикæйы приоритетон къабаз. Æнæмæнгхъæуæг у фæсарæйнæгты – фыццаграды уæрæсейаг инвесторты æрхонын. Уый тыххæй паддзахад хæсджын у, цæмæй радта гарантитæ æмæ сифтонг кæна инвесторты æххæст хæрзиуæгон уавæртæй, сараза экономикон уавæры сæрмагонд зонæтæ.

Хуссар Ирыстоны туризмы рæзт у даргъ фæндаг. Мах нæхи нæ сайæм иллюзитæй, цыма ацы къабаз нæ бон у тæккæ абон экономикæйы фидар къабаз скæнын. Фæлæ мах хъуамæ рæзын кæнæм ацы къабаз, уæд та фидæны фæлтæртæн.

АХУЫРАДЫ РÆЗТ

Æнæ ахуырад æнæ ахуыргонд фæсивæд паддзахадæн нæй фидæн. Ахуырад хъуамæ уа лæвар алкæмæн дæр, æмæ хæзгъæд. Хъæуты хъуамæ æндидзыд кæнæ арæзт æрцæуой нырыккон скъолатæ. Скъолайы ахуыргæнæджы кадыл хъæуы схæцын; хъæууон ахуыргæнджытæн хъуамæ фыст цæуа уæлæмхасæн мыздтæ.

Паддзахад хъуамæ æнæаргъæвгæйæ батыхса хъæууон скъолайы проблемæйыл. Уый у комплексон программæ, кæцыимæ æмбаст сты – ахуырдзинад, миграци æмæ агросæудæджерады комплексы æндидзынад. Куыддæр падзахад райдайа хъæууон скъолаты уавæр хуыздæр кæнын, афтæ фæцæрдгъуыз уыдзысты нæ хъæутæ.

ХИСÆРМАГОНД АМАЛИУÆГАДЫ РÆЗТ

Æнæмæнгхъæуæг у амалиуæгадон инициативæйæн максималон сæрибардзинад радтын. Паддзахад хъуама архайа ахæм приципæй  «бар ис алцæмæн дæр, цæмæндæриддæр бар дæтты закъон». Закъæттæ, фидтонон бартæ хъуамæ уой максималон æгъдауæй либералон амалиуæггæнджытæм ахасты. 

Æппæтæй сæрагдæр у, амалиуæггæнджыты фæллой, исад æмæ бизнесмæ фæныхилынæн максималон хъахъхъæнынад сифтонг кæнын.Æнæмæнгхъæуæг у тагъдыл антикоррупцион, антирейдерон æмæ антидæластæрдон карз закъæттæ райсын. 

Хисæрмагонд бизнес  фыццаграды у æгуыстдзинад, адæмы куыстæй сифтонг кæныны проблемæ аскъуыддзаг кæнын, бюджеты фиддонон æфтиæгты гуырæн нæ, фæлæ. Экономикæйы ацы секторæн баххуыс кæнын æмæ рæзты фæрцы махæн нæ бон бауыдзæн, адæмæн сæхи куыстæйифтонгады хæрзиуæгон хъуыддаг саразын.

ИРОН АЙГÆРСТ

Нæ разы, зынаргъ æмбæстæгтæ, ис рæсугъд фидæн æмæ диссаджы перспективæтæ. Хъуамæ æрхъуыды кæнæм нæ фыдæлты, нæ фыдты æмæ нæ фыдты фыдты традицитæ æмæ æргъадтæ, кæцытæм къæрныхдзинад, мæгуыргур нымад уыдысты стыр худинагыл æмæ æмæ карзæй æфхæрд цыдысты. Мах нæхæдæг хъуамæ саразæм нæ фидæн. Мах нæхæдæг хъуамæ бафснайæм нæ хæдзары. Мах нæхæдæг, кæрæдзи æмбаргæйæ хъуамæ сæххæст кæнæм ИРОН АЙГÆРСТ. ИУДЗИНАД, УАГÆВÆРД æмæ РАЙРÆЗТ суыдзысты ИРОН АЙГÆРСТЫ бындур. Цалдæр азы фæстæ мах нæ бæстæйы фендзыстæм ахæмæй:

ИУУОН ИРЫСТОН

Ирыстон, кæцыйы нæ уыдзæн таможнæйон гæрæнтæ æмæ ныхдуртæ. Ирыстон, кæцыйы алы æмбæстаг дæр сæрибарæй цæудзæн фæндагыл, цæрдзæн æмæ кусдзæн йæ кæцыфæнды хайы дæр. Ирыстон, цы ран горæттæ æмæ хъæутæ ногæй байдзаг уыдзысты адæмæй. Ирыстон, цы ран цæрдзæн æппынкъаддæр 100 мин адæймаджы.

РÆСТАГ ИРЫСТОН

Ирыстон, цы ран тæрхондон уыдзæн æнæуынондзинад æмæ коррупцийы символ нæ, фæлæ намыс æмæ расттæрхоны символ. Ирыстон, цы ран закъон алкæмæн дæр уыдзæн иу, Президентæй хуымæтæджы æмбæстаджы онг. 

ТЫХДЖЫН ИРЫСТОН

Ирыстон, цы ран уыдзæн стыр нæ, фæлæ хæстхъом, нырыккон хæццæнгæрзтæй ифтонг æфсад. Ирыстон, кæцыйы  хæцын нæ фæнды никæимæ, фæлæ цæттæ у цыфæнды агрессорæн дæр ныхкъуырд радтынмæ. 

ХЪÆЗДЫГ ИРЫСТОН

Ирыстон, цы ран алкæмæн дæр йæ бон уыдзæн йæ амалиуæгадон инициативæ реализаци кæнын, цы ран бизнес хъахъхъæд цæудзæн цыфæнды æнæзакъонон хъыгдарынадæй дæр. Ирыстон, цы ран баххуырсгæ кусæг исдзæн æмбæлон куыстмызд.

ДЕМОКРАТОН ИРЫСТОН

Ирыстон, цы ран уыдзæн бынæттон хæдразамынды рæзмæцыд системæ, цы ран реализаци цæудзысты нæ националон, демократон традицитæ, цы ран «СЫХ» ногæй райсдзæн хицауиуæгады бартæ бынæттон æмвæзадыл. Ирыстон, цы ран æппæт æмвæзадтыл дæр закъондæдтынадон органтæ арæзт цæудзысты националон хиæдтæ хынцгæйæ. 

ÆДАС ИРЫСТОН

Ирыстон, цы ран æлдариуæг кæндзысты цæрыны æмæ æдасдзинады бартæ. Ирыстон, цы ран мах нæ дуарттæ ногæй уаддзыстæм гомæй, куыд 30 азы размæ, афтæ. Ирыстон, цы ран фыдракæнд карзæй æфхæрд цæудзæн. 

ÆНÆНИЗ ИРЫСТОН

Ирыстон – размæдзыд æнæниздзинадхъахъхъæнынадимæ. Ирыстон, цы ран ног хæрзгъæд бындурыл реализаци цæудзысты Хуссар Ирыстоны адæмы бартæ æнæаргъ медицинон лæггæдты тыххæй. Ирыстон, цы ран сæндидздзысты, арæзт æрцæудзысты ног спортивон скъолатæ æмæ залтæ. Ирыстон, кæцы суыдзæн спортивон дунейы аккаг хай. Ирыстон, кæцыйæн йæ националон олимпион комитет бавдыст æрцæудзæн  ДОК мæ, кæцыйы спортивон федерацитæ бавдыст цæудзысты дунеон спортивон федерацитæм. 

ФИДАР ИРЫСТОН

Ирыстон, кæцы суыдзæн националон паддзахад æппæт ирæттæн дæр, уыдзæн сæ хæдзар, кæмфæны райгуырой æмæ цæрой, уымæ æнæкæсгæйæ. Ирыстон, цы ран сæндидздзысты культурон æмæ историон цыртдзæвæнтæ, арæзт æрцæудзысты æмæ уæвынад кæндзысты этнопарктæ. Ирыстон, цы ран горæтон æмæ хъæууон арæзтæдтæ арæзт цæудзысты ирон адæмы традицион архитектурæйы бындурыл, цы ран бар нæ уыдзæн æрдзон эстетикæ æмæ горæтон фидауц хъыгдарæг агъуыстытæ æмæ арæзтæдтæн.

АХУЫРГОНД ИРЫСТОН

Ирыстон, цы ран ног, хæрзгъæд æмвæзадыл бар уыдзæн лæвар ахуырадæн. Ирыстон, кæцымæ фæстæмæ здæхдзысты йæ фырттæ æмæ чызджытæ, кæцытæ ахуырдзинад райстой фæсарæнты.

НЫМАД ИРЫСТОН

Ирыстон кæцы суыдзæн дунеон æмæхсæнады аккаг уæнг. Ирыстон, кæцыйы банымайдзысты æрмæст ИНО йы уæнгтæ-паддзахадтæ нæ, фæлæ дунеон политикон, спортивон æмæ гуманитарон организацитæ дæр.

 

ИУДЗИНАД, УАГÆВÆРД ÆМÆ РАЙРÆЗТ СУЫДЗЫСТЫ НÆ ИРЫСТОНЫ РÆЗТЫ БЫНДУР.

ХУЫЦАУ НЫН ÆХХУЫСГÆНÆГ УÆД!