20 НОЯБРЫ — ДЖЕОРГУЫБАЙЫ БÆРÆГБОН

ИРОН АДÆМ — ДЕ УАЗÆГ!

Æрхæццæ та нæ адæмы уарзондæр, нæ кæстæрты, нæ бæлццæтты, нæ рынчынты, нæ размæцыд кæуыл фæдзæхсæм, уыцы æргом зæд Уастырджимæ уæлдай зæрдиагдæрæй куы фæкувæм, уыцы кадджын бæрæгбон — Джеоргуыба.

Сыгъзæрин Уастырджи ирон адæммæ куы рараст вæййы Дунескæнæг Иунæг Стыр Хуыцауы разæй, уæд ын йæ хæрзтæ йемæ рахæссы æмæ сæ йæ фарнимæ байтауы Ирыстоныл. Æмæ нæ фыццаджыдæр фыдбылызæй бахизæд. Къуырийы дæргъы йæм уæлдай зæрдиагдæрæй фæкувæм, уымæн æмæ, дам, уыцы къуырийы дæргъы вæййы Ирысто-ны зæххыл. Дзаджджын фынгтыл æм кувы алы ирон хæдзар дæр, æмæ нын нæ куывдтытæ куыд айса, ахæм хорзæх нæ уæд.
Джеоргуыбайы æхсæвы куывд:

— Хуыцау, табу Дæхицæн! Дунесфæлдисæг дæ, дзуæртты дæр Ды сфæлдыстай, æмæ нæ Дæ хорзæх уæд.

Тбау Уацилла, хор-фосы хицау дæ, æмæ нæ дæ хорзæх уæд. Фидæнмæ ноджы хуыздæр нывæндтæ куыд æрхæссæм, уыцы ахъаз бакæн.

Йе сыгъзæринбазыр Уастырджи, ахсæв де хсæв у, æмæ дын табу уæд!

Ахсæв дын бирæ адæм дæ ном ардзысты — уыдонæн хуыздæрæн кæй куывд айстай, нæ куывд дæр уый æмбал фæкæн.

Уастырджи! Тыхгæнææй нæ бахиз.

Уастырджи! Нæ цот, нæ кæстæртæ — де уазæг.

Уастырджи! Нæ уазæг дæр де уазæг уæд. Амондджын уазджытæ нæм цæуæд.

Уастырджи! Нæ бæлццæттæ — де уазæг. Сæ хæдзæрттыл æнæмаст, æнæфыдбылызæй, дзæбæхæй æмбæлæнт.

Уастырджи! Мæгуыр лæгæн æххуысгæнæг дæ, æмæ мах дæр дæ хорзæх уæд. Дæ фидæн бонтæ ныл хъæлдзæгæй куыд æрцæуой, уы-цы арфæ нын ракæн.

Источник: Моздокский Вестник