Ирон адӕммӕ фарны хабӕрттӕ хӕссӕг у, «Хурзӕрин»!

«Хурзӕрин» — 90 азы

Кӕцыфӕнды паддзахадӕн дӕр йӕ сӕйраг бындур у, уыцы паддзахады цӕрӕг адӕмы мадӕлон ӕвзаг. Дзырд дӕр ыл нӕй, ӕгъдау ӕмӕ фыдӕлтӕй баззайгӕ традицитӕ сӕ тых, сӕ бархъомыс куы фесафой, уӕд цыфӕнды хъомысджын паддзахадӕн дӕр цӕрдхъом уӕвӕн нӕй. Адӕмӕн сӕ фарн се ‘взаг ӕмӕ се ‘гъдӕуттимӕ баст у, уыдонӕн та ӕнӕ кӕрӕдзи уӕвӕн нӕй.

Уӕдӕ махӕн, ӕнусмӕ ӕввахс нӕ мадӕлон ӕвзаджы рӕзтыл чи ауды, нӕ рагфыдӕлтӕй баззайгӕ традицитӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ чи парахат кӕны, уыдоны сӕйрагдӕртӕй иу у газет «Хурзӕрин». Ирыстоны хуссар хайы рухсадон царды цы ахсджиаг хӕс ӕрхауд нӕ уарзон газетмӕ, уый уыд бӕрнон ӕмӕ ӕвӕджиауы хӕс. Уӕд нӕм нӕма уыдис журнал дӕр, чиныгуадзӕн дӕр, радио, — телеуынынадыл ма чи дзуры, нӕ дӕр театр, уӕлдӕр ахуыргӕнӕндон, ӕмӕ афтӕ дарддӕр. «Хурзӕрин» у Ирыстоны хуссар хайы интеллигенцийы фыццаг ахуыргӕнӕг, адӕмы рухс цардмӕ хонӕг. Нӕуӕдз азы дӕргъы цал ӕмӕ цал хатты бахаста фарны хабӕрттӕ йӕ кӕсджыты хӕдзӕрттӕм! Ирыстон ӕмӕ ирон адӕмы цинтыл цас циндзинад бавзӕрста, цас фӕрыст сӕ зынтӕ ӕмӕ уӕззау хабӕрттыл. Нырма йӕм ӕрхауд ног царды арӕзтад дарддӕр кӕныны хӕс, репресситы уӕззау хъизӕмар, фӕстӕдӕр радон ӕргом геноциды тугуарӕн рӕстӕг.

Ӕстайӕм азты кӕрон ныл цы уӕззау дуг ныккодта, уыцы ӕгъатыр дуг ӕндӕвта «Хурзӕрин»-ыл дӕр, фӕлӕ нӕ фӕтасыд, ӕмткӕй сисгӕйӕ нӕ адӕм куыд нӕ фӕтасыдысты, афтӕ. Ирдӕй ӕмӕ рӕстагӕй ӕвдыста ирон адӕмы удуӕлдай тох сӕрибарыл, нӕ адӕмы иудзинадыл, дзыллӕтӕм хӕццӕ кодта рӕстдзинад, рӕстаг ӕмӕ ныфсы ныхас, кӕд йӕ авналӕнтӕ къуындӕг уыдысты, хӕсты тасы уӕлдай ӕвзӕрста материалон зындзинӕдтӕ, уӕддӕр. Фӕстаг фондз азы дӕргъы та йӕм ӕрхауд нымад паддзахады ӕндидзынад ӕмӕ рӕзт ӕвдисыны бӕрндзинад, разӕнгард нӕ кӕны хуыздӕр фидӕнмӕ, Фыдыбӕстӕ удуӕлдайӕ уарзынмӕ.

Кад ӕмӕ цыт, 90 азы дӕргъы газеты зӕрдиаг куыст чи фӕкодта, уыцы курдиатджын фӕлтӕртӕй абон цардӕгас чи нал сты, уыдонӕн. «Хурзӕрин»-ы абон чи фӕллой кӕны, уыдонӕн та нӕ зӕрдӕ зӕгъы дарддӕры сфӕлдыстадон ӕнтыстытӕ, амонд ӕмӕ зӕрдӕрухсдзинад. Фарны хабӕрттӕ хӕссут уӕ иузӕрдион кӕсджыты фӕрнӕйдзаг хӕдзӕрттӕм, Ирыстон ӕмӕ уӕ ирон адӕмы тыххӕй уӕззау хабӕрттыл фыссыны сӕр макуыуал бахъӕуӕд!
Уӕлахиз у, нӕ уарзон газет «Хурзӕрин»!

Хуссар Ирыстоны Республикон политикон парти «Иугонд Ирыстон»-ы Централон Комитет